Хуссар Иры парламент балæууыд УФ Паддзахадон думæйы куырдиаты фарс

© Sputnik / Михаил АвагимовРХИ парламент
РХИ парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.02.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 фев – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны парламент дыццæджы сессийыл балæууыд УФ Паддзахадон думæйы куырдиаты фарс. Уыцы куырдиат æрвыст æрцыд Францийы Национ æмбырдмæ французаг æххуырст хæстонты хайадисты тыххæй Киевы режимы фыдракæндон архæйдтыты.
Закондæттæг органы æркастмæ фарст рахаста æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты фæдыл комитеты сæрдар Дриаты Заза.
"Официалон Париж нæ басаст французаг æххуырст хæстонты хайадистыл Украинæйы конфликты, æххуырст æфсæддонты архайд та у тобæ французаг законтæм гæсгæ, фæлæ объективон информацимæ гæсгæ неонацистон дæлхайæдты зиæнтты фæдыл, уыдон хайад исынц хæстон архæйдтыты. Францийы къухдариуæгад, кæцы кæддæр нæ бæстæимæ иумæ архайдта Европæйы æфсæддон-политикон уавæр стабилондзинадмæ æркæныныл, йæ архайдæй дарддæр кæны Киевы нацистон режимы агони", - дзырдæуы куырдиаты тексты.
Депутаттæ æмхъæлæсæй сразы ацы куырдиат райсыныл.
Ног хабӕртты лентӕ
0