https://sputnik-ossetia.com/20240227/khussar-iry-parlamenty-rdzyrdtoy-genprokurory-y-bynaty-ssribar-knyny-fktyl-28128153.html
Хуссар Иры парламенты æрдзырдтой генпрокуроры йæ бынатæй ссæрибар кæныны фæткыл
Хуссар Иры парламенты æрдзырдтой генпрокуроры йæ бынатæй ссæрибар кæныны фæткыл
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 27 фев – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны парламенты президиум дыццæджы сессийыл æркаст дыууæ законы инициативæмæ, кæцытæ хауынц республикæйы... 27.02.2024 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2024-02-27T14:20+0300
2024-02-27T14:20+0300
2024-02-28T11:28+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
хуссар иры парламент
президент
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/03/10/21966041_0:172:3029:1876_1920x0_80_0_0_dea92c6626e553b8fc18a7b9176d4128.jpg
ЦХИНВАЛ, 27 фев – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны парламенты президиум дыццæджы сессийыл æркаст дыууæ законы инициативæмæ, кæцытæ хауынц республикæйы генералон прокуроры йæ бынатæй ссæрибар кæнынмæ.Дыууæ законы проект дæр президиумы æркастмæ рахаста законад æмæ бынæттон хæдразамынады комитеты сæргълæууæг Диакъонты Амиран.Диакъонты Амиран бахахх кодта, зæгъгæ, законы инициативæтæн ис принципиалон хицæндзинæдтæ, уый фæдыл дзы хъæуы иу равзарын.Президиумы уæнгтæ дæргъвæтин баныхасы фæстæ аскъуыддзаг кодтой арвитын дыууæ законы проект дæр фæстæмæ профилон комитетмæ, цæмæй сыл дарддæр бакусой.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2024
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/03/10/21966041_149:0:2880:2048_1920x0_80_0_0_29bbe297510491fdf182b6ea6cf0d660.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар иры парламент, президент
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар иры парламент, президент
Хуссар Иры парламенты æрдзырдтой генпрокуроры йæ бынатæй ссæрибар кæныны фæткыл
14:20 27.02.2024 (Ранӕуӕггонд: 11:28 28.02.2024) ЦХИНВАЛ, 27 фев – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны парламенты президиум дыццæджы сессийыл æркаст дыууæ законы инициативæмæ, кæцытæ хауынц республикæйы генералон прокуроры йæ бынатæй ссæрибар кæнынмæ.
Дыууæ законы проект дæр президиумы æркастмæ рахаста законад æмæ бынæттон хæдразамынады комитеты сæргълæууæг Диакъонты Амиран.
"Фыццаг законы проект æрбацыд Хуссар Ирыстоны президентæй. Уымæ гæсгæ, РХИ парламентæн йæ бон уыдзæн ссæрибар кæнын генпрокуроры йæ бынатæй конституцион фылдæрæй – хъæлæсты 2/3 хайæ. Дыккаг законы проект æрбацыд депутатты къордæй. Уымæ гæсгæ, парламент генпрокуроры куысты фæдыл хыгъдлæвæрд æнæрæстæмбисыл куы банымайа, уæд уый уыдзæн бындур, цæмæй президент бахæсса парламентмæ куырдиат генпрокуроры йæ бынатæй ссæрибар кæныны фæдыл", - загъта комитеты сæргълæууæг.
Диакъонты Амиран бахахх кодта, зæгъгæ, законы инициативæтæн ис принципиалон хицæндзинæдтæ, уый фæдыл дзы хъæуы иу равзарын.
Президиумы уæнгтæ дæргъвæтин баныхасы фæстæ аскъуыддзаг кодтой арвитын дыууæ законы проект дæр фæстæмæ профилон комитетмæ, цæмæй сыл дарддæр бакусой.