Хуссар Иры райстой чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгадæн æххуысы паддзахадон программæ

© Sputnik / Наталья Селиверстова /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры райстой чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгадæн æххуысы паддзахадон программæ
Хуссар Иры райстой чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгадæн æххуысы паддзахадон программæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.02.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 фев – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны парламент дыццæджы сессийыл сфидар кодта чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгадæн æххуысы фæдыл паддзахадон программæ 2024 азмæ.
Закондæттæг органы æркастмæ фарст рахаста экономикæ, чысыл амалиуæгад æмæ хъæууон хæдзарады фæдыл комитеты сæрдар Тъехты Алан.
"Программæйы фæлгæтты нывæндынц бакæнын финансон-кредитон, информацион-консультацион æххуыс чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгадæн", - загъта Тъехты Алан.
Программæйы финанскæнынады иумæйаг бæрц уыдзæн 86 милуан сомæй фылдæр, уыдонæй 36 милуан сомы – республикæйы паддзахадон бюджетæй, 50,589 милуан сомы та – уæлбар кредиткæнынады Фонды фæрæзтæй.
Депутаттæ æмхъæлæсæй сразы сты ацы документ райсыныл.
Ног хабӕртты лентӕ
0