Паддзахадон драмон театры ацыд ХИПУ студентты спектаклы дипломон равдыст

© SputnikПаддзахадон драмон театры ацыд ХИПУ студентты спектаклы дипломон равдыст
Паддзахадон драмон театры ацыд ХИПУ студентты спектаклы дипломон равдыст - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.03.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 13 мар – Sputnik, Томайты Аманда. Хетӕгкаты Къостайы номыл Паддзахадон драмон театры сценӕйыл ацыд Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты актерон дӕсныйады факультеты студентты дипломон равдыст.
Ӕвзонг актертӕ бавдыстой кӕсджытӕн Айларты Асӕхмӕты комеди "Горӕттаг усгуртӕ". Режиссер-ӕвӕрӕг уыд Дзуццаты Тамерлан, режиссер-педагог – Бибылты Сослан.
Спектакльмӕ ӕрбацыдысты Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан, ХИПУ ректор Тедеты Вадим, хицауады сӕрдар Джуссойты Константин, президенты администрацийы минӕвӕрттӕ, интеллигенци ӕмӕ ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ, афтӕ ма ХИПУ ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ студенттӕ.
"Фӕнды мӕ бузныг зӕгъын университет ӕмӕ Паддзахадон драмон театры кусджытӕн. Абон сымах хъахъхъӕдтат уӕ дипломон куыст, ӕмӕ уын мах иууылдӕр ӕвӕрццаг аргъ кӕнӕм", - банысан кодта ХИПУ ректор Тедеты Вадим.
Ног хабӕртты лентӕ
0