Предвыборный плакат. Архивное фото  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Уæрæсейы президенты æвзæрстытæ 2024
УФ президенты æвзæрстытæ нысан сты 2024 азы 17 мартмæ. Хъæлæскæнынад цæудзæн æртæ боны дæргъы – 15, 16 æмæ 17 марты. Паддзахады сæргълæууæджы бынатмæ кандидаттæ сты – Леонид Слуцкий, Николай Харитонов, Владислав Даванков æмæ Владимир Путин.

Хуссар Иры депутатты фæхуыдтой цæст дарынмæ Уæрæсейы президенты æвзæрстытæм

© Sputnik / Евгений Биятов /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры депутатты фæхуыдтой цæст дарынмæ Уæрæсейы президенты æвзæрстытæм
Хуссар Иры депутатты фæхуыдтой цæст дарынмæ Уæрæсейы президенты æвзæрстытæм - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.03.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 мар – Sputnik. Хуссар Ирыстоны депутаттæ Федерацийы Совет æмæ Паддзахадон Думæйы æрхуындæй ацæудзысты Мæскуымæ цæстдарджыты хуызы Уæрæсейы президенты æвзæрстытæм, хъусын кæны закондæттæг органы пресс-службæ.
Делегацийы сконды сты парламенты спикер Æлборты Алан, вице-спикертæ Плиты Александр æмæ Чилæхсаты Владимир, афтæ ма æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты фæдыл парламентон комитеты сæргълæууæг Дриаты Заза.
"Уæрæсейы президенты æвзæрстыты æхсæнадæмон цæстдарды программæйы фæлгæтты хуынд æрцыд Хуссар Ирыстоны парламентон делегаци, цæмæй хайад райсой конференцийы "Электоралон суверенитет æмæ æхсæнадæмон стандарттæ", кæцы цæудзæн 15-æй 17-æм мартмæ. Конференцийы фæлгæтты ацæудзæн сесситæ "Æвзæрстыты организаци æмæ сæ ауадзыны æхсæнадæмон стандарттæ" æмæ "Нырыккон технологитæ æвзарæн процессы æмæ аразгæ интеллектæй пайдакæнынад", - дзырдæуы хъусинаджы.
УФ президенты æвзæрстытæ нысан сты 2024 азы 17 мартмæ. Хъæлæскæнынад цæудзæн æртæ боны дæргъы – 15, 16 æмæ 17 марты. Паддзахады сæргълæууæджы бынатмæ кандидаттæ сты – Леонид Слуцкий, Николай Харитонов, Владислав Даванков æмæ Владимир Путин. Хуссар Ирыстоны территорийыл æвзæрстыты рæстæджы бакæндзысты 11 æвзарæн фадыджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0