Предвыборный плакат. Архивное фото  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Уæрæсейы президенты æвзæрстытæ 2024
УФ президенты æвзæрстытæ нысан сты 2024 азы 17 мартмæ. Хъæлæскæнынад цæудзæн æртæ боны дæргъы – 15, 16 æмæ 17 марты. Паддзахады сæргълæууæджы бынатмæ кандидаттæ сты – Леонид Слуцкий, Николай Харитонов, Владислав Даванков æмæ Владимир Путин.

Хуссар Ир ныхас кæны Уæрæсеимæ йæ скондмæ бахизыны фарстыл – Æлборты Алан

© Sputnik / Natalia AiriyanÆлборты Алан
Æлборты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.03.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 17 мар —Sputnik. Хуссар Ирыстон Уæрæсейы скондмæ бахизыны фарстыл дзырд цæуы Мæскуыимæ, фехъусын кодта РИА Новостийæн РХИ парламенты спикер Æлборты Алан.
"Ацы фарстытыл мах ныхас кæнæм Уæрæсейы Федерациимæ иумæ нæ дыууæварсон ахастытæ æмæ бадзырдтæ хынцгæйæ", - загъта Æлборты Алан.
Афтæ ма политик сдзуапп кодта фарстыл ацы темæйы фæдыл референдум ауадзыны фæдыл.
"Уæрæсеимæ иумæ ахæм хъуыдымæ куы 'рцæуæм, уæд æй сараздзыстæм", - бахахх кодта уый.
Хуссар Ирыстоны делегации с Мæскуыйы цæтдарджыты хуызы Уæрæсейы президенты æвзæрстыты рæстæджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0