Хуссар Иры парламент райста закон иумандатон зылдты фæдыл

© Мария СанакоеваХуссар Иры парламент райста закон иумандатон зылдты фæдыл
Хуссар Иры парламент райста закон иумандатон зылдты фæдыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.04.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 5 апр - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттæ æмхъæлæсæй райстой закон иумандатон æвзарæн зылдты фæдыл.
Закон хъуыд райсын, уымæн æмæ республикæйы 9 июны ацæудзысты парламентон æвзæрстытæ.
Законмæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны территори дих æрцæудзæн 17 иумандатон æвзарæн зылдыл, уыдонæй фараст уыдзысты Цхинвалы, фæйнæ дыууæ та – алкæцы районы дæр.
Депутаттæ бахахх кодтой, кæцыдæр зылдты ивгъуыд æвзæрстыты цы æвзарджыты срегистраци кодтой, уыдон нымæц зынгæ фæкъаддæр. Централон æвзарæн къамисы (ЦÆК) минæвæрттæ банысан кодтой, сæ бæрæггæнæнтæ иууылдæр баст сты æрмæджытыл, кæцытæ сæм барвыстой районты разамонджытæ.
Схемæ официалон æгъдауæй куы ныммыхуыр кæной, уæд кандидаттæн сæ бон уыдзæн бадзурын ЦÆК-мæ æмбæлон куырдиæттимæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0