Дыууӕ Ирыстойнаг хъӕбысӕйхӕцӕджы ссисты ЦКФЗ фыццагады призертӕ

© Sputnik / Максим Богодвид /  Ахизын медиабанкмæУӕгъдибар хъӕбысӕхӕст
Уӕгъдибар хъӕбысӕхӕст - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.05.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 24 май – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Уӕгъдибар хъӕбысӕйхӕцджытӕ Ирыстонӕй рамбылдтой дыууӕ ӕвзист майданы Цӕгат Кавказы федералон зылды фыццагады (ЦКФЗ) 24 азы онг кары спортсменты ӕхсӕн.
Ирон командӕйӕн ӕвзист майдантӕ ӕрхастой Зассеты Давид ӕмӕ Суанты Хъазбег. Дыууӕ спортсмены дӕр финалты фембылдысты цӕцӕйнаг спортсментӕн.
Зассеты Давид бацахста дыккаг бынат 86 килограммы уӕзы категорийы, Суанты Хъазбег та 97 килограммы уӕзы категорийы.
Ног хабӕртты лентӕ
0