Хуссар Иры парламенты æрдзырдтой хъæууон скъолаты уавæрыл

© Sputnik / Наталья АйриянХъæууон скъола
Хъæууон скъола - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.07.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 18 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ис тæссаг уавæр хъæууон скъолатимæ, уыдон æхгæд æрцæуынц республикæйы дæрддзæф регионты цæрджыты нымæцы фæкъаддæры тыххæй. Уый тыххæй радзырдта ахуырад æмæ зонады фæдыл парламентон комитеты сæргълæууæг Тадтаты Таймураз, хъусын кæны закондæттæг органы пресс-службæ.
Тадтаты Таймураз комитеты рабадтыл банысан кодта, парламентаритæм кæй æрбадзурынц республикæйы цæрджытæ кæцыдæр районты скъолаты сæхгæды фæдыл.
"Мах хъуамæ æмбарæм, ацы скъолатæ куы сæхгæной, уæд сæ никуыуал бакæндзысты. Ахуырадон уагдоны баконд у уæззау процесс. Мах фæлварæм тох кæнын уыимæ, фæлæ адæм цадæггай цæуынц хъæутæй горæттæм, сывæллæтты нымæц къаддæр кæны", - загъта комитеты сæргълæууæг.
Тадтаты Таймураз бафтыдта, зæгъгæ, хъæуы саразын сæрмагонд программæ, афтæ ма райсын уæрæсейаг фæлтæрдзинад дæр.
© Пресс-служба парламента РЮОХуссар Иры парламенты æрдзырдтой хъæууон скъолаты уавæрыл
Заседание парламентского комитета по образованию и науке - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.07.2024
Хуссар Иры парламенты æрдзырдтой хъæууон скъолаты уавæрыл
Ног хабӕртты лентӕ
0