https://sputnik-ossetia.com/20240724/bekoyty-khokh-batsakhsta-dykkag-bynat-khsnadmon-konkursy-29899492.html
Бекъойты Хох бацахста дыккаг бынат æхсæнадæмон конкурсы
Бекъойты Хох бацахста дыккаг бынат æхсæнадæмон конкурсы
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 24 июл - Sputnik. "Уӕрӕсе – Латинаг Америкӕ: дизайн иу континентӕй иннӕмӕ", зӕгъгӕ, ахӕм проекты фӕлгӕтты Мæскуыйы ацыд æхсæнадæмон конкурсы финал... 24.07.2024 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2024-07-24T11:20+0300
2024-07-24T11:20+0300
2024-07-24T11:20+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
культурӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/05/1c/29246633_0:78:1500:922_1920x0_80_0_0_5d8351aef0bc572b9cf099ba6ffd77cd.jpg
ЦХИНВАЛ, 24 июл - Sputnik. "Уӕрӕсе – Латинаг Америкӕ: дизайн иу континентӕй иннӕмӕ", зӕгъгӕ, ахӕм проекты фӕлгӕтты Мæскуыйы ацыд æхсæнадæмон конкурсы финал. Уым хуссарирыстойнаг дизайнер Бекъойты Хох бацахста дыккаг бынат. Йæхæдæг Sputnik-æн куыд радзырдта, афтæмæй жюрийы зæрдæмæ фæцыд, йæ коллекци философон æгъдауæй хъуыдыгонд кæй уыдис, уый.Уымæй дарддæр, фехъусын кодта, æхсæнадæмон конкурсы социалон хызæгты рæхджы фенæн кæй уыдзæн финалон равдыстæй нывтæ æмæ видеотæ.Ныртæккæ Бекъойты Хох кусы йæ ног коллекцийыл. Аразы йæ этникон стилы. Фæуд хуыз райсдзæн ацы азы фæззæджы.
https://sputnik-ossetia.com/20240710/madre-de-dios-dizayner-bekoyty-khokh-akhsanadamon-konkursy-ravdisdzan-ya-nog-kollektsi--29744363.html
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2024
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/05/1c/29246633_84:0:1417:1000_1920x0_80_0_0_fda2504286bed94f45195dc10ccd39bd.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, культурӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, культурӕ
Бекъойты Хох бацахста дыккаг бынат æхсæнадæмон конкурсы
ЦХИНВАЛ, 24 июл - Sputnik. "Уӕрӕсе – Латинаг Америкӕ: дизайн иу континентӕй иннӕмӕ", зӕгъгӕ, ахӕм проекты фӕлгӕтты Мæскуыйы ацыд æхсæнадæмон конкурсы финал. Уым хуссарирыстойнаг дизайнер Бекъойты Хох бацахста дыккаг бынат. Йæхæдæг Sputnik-æн куыд радзырдта, афтæмæй жюрийы зæрдæмæ фæцыд, йæ коллекци философон æгъдауæй хъуыдыгонд кæй уыдис, уый.
"Модæйы конкурс цыдис азы райдианæй. Хъуыдис дзы рахизын цалдæр къæпхæны, суанг идейæйæ райдайгæйæ. Стæй æрвыстон эскизтæ æмæ хуыдтон, Латинаг Америкæ мæ цы коллекци саразынмæ бацырын кодта, уый" – загъта дизайнер.
Уымæй дарддæр, фехъусын кодта, æхсæнадæмон конкурсы социалон хызæгты рæхджы фенæн кæй уыдзæн финалон равдыстæй нывтæ æмæ видеотæ.
Ныртæккæ Бекъойты Хох кусы йæ ног коллекцийыл. Аразы йæ этникон стилы. Фæуд хуыз райсдзæн ацы азы фæззæджы.