Хуссар Ирыстоны парламенты ацыд сессийы рабадт

© Sputnik / Ада БагианХуссар Ирыстоны парламент
Хуссар Ирыстоны парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.07.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 июл - Sputnik, Козаты Дианæ. Майрæмбоны Хуссар Ирыстоны парламенты уыд сессийы рабадт. Депутаттæ саргъ кодтой, 2023 азы хицауад цы куыст бакодта, уымæн. Бæстон доклад сын скодта республикæйы премьер-министр Джуссойты Константин. Сæйраг пункттæ хаудысты бюджет æххæстмæ æмæ Инвестпрограммæйы реализацимæ. Банысангонд æрцыд уый дæр, æмæ кусджыты хицæн къордтæн фæфылдæр сты сæ мыздтæ, пенситæ схызтысты аст процентæй фылдæры бæрц.
Парламентаритæ 2023 азæн хицауады куыст банымадтой рæстæмбисыл. Сессийы уыд президент Гаглойты Алан дæр. Уый бузныджы ныхæстæ загъта депутаттæн, министрты кабинеты архайдæн æвæрццаг аргъ кæй скодтой, уый тыххæй.
Ног хабӕртты лентӕ
0