Национ банкæн снысан кодтой ног къухдариуæггæнæджы

© Sputnik / Мария СанакоеваБекъойты Сослан парламенты сессийы
Бекъойты Сослан парламенты сессийы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.07.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 июл – Sputnik, Козаты Дианæ. Хуссар Ирыстоны парламент Национ банкæн снысан кодта ног сæргълæууæджы. Финансон уагдоны разамонæг ссис Бекъойты Сослан. Ныры онг уый лæууыд Æфснайæн банчы сæргъы. Парламентмæ йын йæ кандидатурæ бавдыста президент. Депутаттæ схъæлæс кодтой Национ банчы сæрдар Джиоты Жаннæйы йæ бынатæй ссæрибар кæныны тыххæй æмæ сразы сты Бекъойты Сосланы кандидатурæйыл.
Джиоты Жаннæ Национ банчы къухдариуæггæнæг уыд 2019 азæй фæстæмæ. Йæ куысты тыххæй йын майрæмбоны ацæуæг сессийы бузныджы ныхæстæ загъта спикер Мæргъиты Алан.
Ног хабӕртты лентӕ
0