Цæгат Иры дыццæджы байгом уыдзæн сæрдыгон студентон æмбырд "ÆРЫГОН"

© Photo : Telegram / Сергей МеняйлоЦæгат Иры дыццæджы байгом уыдзæн сæрдыгон студентон æмбырд "ÆРЫГОН"
Цæгат Иры дыццæджы байгом уыдзæн сæрдыгон студентон æмбырд ÆРЫГОН - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.08.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 6 авг - Sputnik. Уæрæсейаг ахуырадон уагдæтты 170-æй фылдæр ирыстойнаг студенты æрцæудзысты пансионат "Урсдон"-мæ Цæгат Ирыстонмæ, цы ран дыццæджы байгом уыдзæн сæрдыгон студентон æмбырд "ÆРЫГОН", фехъусын кодта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло.
"Мах бакуыстам программæйыл, кæцыйы ис фембæлдтæ цымыдисон адæмимæ, афтæ ма мастер-класттæ æмæ хиирхæфсæн мадзæлттæ. Фæсивæдмæ æрцæудзысты æхсæнад "Знание"-йы гендиректоры хæдивæг Антон Сериков, Паддзахадон думæйы депутат Сергей Бурлаков, журнал "Международная аналитика"-йы сæйраг редактор Сергей Маркедонов. Форумы хайадисджытæн ма сорганизаци кæндзысты фембæлдтæ сæрмагонд æфсæддон операцийы хъайтартимæ, культурæйы архайджытимæ, спортсментимæ, блогертимæ æмæ амалиуæггæнджытимæ", - ныффыста Меняйло йæ telegram-каналы.
Цæгат Ир - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.07.2024
Цæгат æмæ Хуссар Иры фæсивæд æрæмбырд уыдзысты форум "ÆРЫГОН"-мæ Урсдоны
Ног хабӕртты лентӕ
0