Хуссар Иры Дзауы районы ссардтой 2008 азы хӕсты амӕттӕгты рухс нӕмттӕ

© Photo : Пресс-служба Дзауского района РЮОХуссар Иры Дзауы районы ссардтой 2208 азы хӕсты амӕттӕгты рухс нӕмттӕ
Хуссар Иры Дзауы районы ссардтой 2208 азы хӕсты амӕттӕгты рухс нӕмттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.08.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 9 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы ацыдысты 2008 азы августы хӕсты 16-ӕм афӕдзы бонӕн нывонд фыдохы мадзӕлттӕ, фехъусын кодтой Sputnik-ӕн районы администрацийы пресс-службӕйы.
Номарӕн мадзӕлттӕ райдыдтой дидинты сӕвӕрдӕй мысӕн Аллеймӕ. Уый фӕстӕ районы администрацийы сӕргълӕууӕг Тыбылты Ванда уагдоны кусджытӕ ӕмӕ поселочы цӕрджытимӕ бабӕрӕг кодтой Ирыстоны хъахъхъӕнджыты ингӕнтӕ.
Фыдохы митинг "Номарӕн цырагъ"-ы рӕстӕджы Тыбылты Ванда банысан кодта, 16 азы фӕстӕ дӕр зӕрдӕты рыст кӕй нӕ нымӕг кӕны.
Мадзалы кӕрон арвмӕ суагътой Ирыстоны хӕдбардзинады сӕраппонд йӕ цард чи радта, уыдонӕн нывонд урс тымбылӕгтӕ.
Цхинвалы ссардтой Ирыстоны Хъайтартæ Багаты Амиран æмæ Джиоты Азæмæты рухс нæмттæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.08.2024
Цхинвалы ссардтой Ирыстоны Хъайтартæ Багаты Амиран æмæ Джиоты Азæмæты рухс нæмттæ
Ног хабӕртты лентӕ
0