00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
ЗнонАбон
Эфирмæ
Горӕт Цхинвал106.3
Горӕт Цхинвал106.3
Ленингоры район106.3

СӔО-йы ветерантӕ Цӕгат Ирӕй хайад райсдзысты ӕхсӕнрегионалон турниры

© Photo : Пресс-служба главы и правительства РСО-АланияСӔО-йы ветерантӕ Цӕгат Ирӕй хайад райсдзысты ӕхсӕнрегионалон турниры
СӔО-йы ветерантӕ Цӕгат Ирӕй хайад райсдзысты ӕхсӕнрегионалон турниры - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.08.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 13 авг - Sputnik. Сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы (СӔО) ветеранты командӕ Цӕгат Ирыстонӕй хайад райсдзӕн ерысты "Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнджыты кубок", фехъусын кодта РЦИ-Аланийы сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло.
Ставрополы цӕудзӕн турниры ӕхсӕнрегионалон этап, уырдӕм ацӕудзысты 11 адӕймаджы Цӕгат Ирыстонӕй.
"Ерыстӕ цӕудзысты спорты цалдӕр хуызӕй: ӕрдынӕй ӕхсын, армрестлинг, уӕлыстъол теннис, спортивон ӕмӕ электронон хӕцӕнгарзӕй ӕхсын, пауэрлифтинг ӕмӕ паралимпион волейбол. Нӕ спортсментӕ ныртӕккӕ активон цӕттӕ кӕнынц", - ныффыста Меняйло йӕ Telegram-каналы.
Республикӕйы сӕргълӕууӕг бахахх кодта, ӕхсӕнрегионалон ерысты хайад кӕй райсдзысты 130-ӕй фылдӕр ветераны Хуссар ӕмӕ Цӕгат Кавказы федералон зылдтӕй, афтӕ ма ног регионтӕй. Уӕлахиздзаутӕ хъахъхъӕндзысты сӕ республикӕйы спортивон кад турниры ӕппӕтуӕрӕсейаг этапыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0