Гаглойты Алан: мах цæуæм Уæрæсеимæ интеграцийы фæндагыл

© Sputnik / Natalia AiriyanУæрæсейы æмæ Ирыстоны тырысатæ
Уæрæсейы æмæ Ирыстоны тырысатæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.08.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 авг - Sputnik. Уæрæсе Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта, ууыл 16 азы сæххæсты бонмæ республикæйы президент Гаглойты Алан ратта интервью уæрæсейаг газет "Известия"-йæн.
Æфсæддон къабазы Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы æмгуыстад бындуриуæг кæны, Цæдисад æмæ интеграцийы тыххæй бадзырды фæлгæтты цы `хсæнведомствæйон документ бафыстæуыд, ууыл, – радзырдта паддзахады сæргълæууæг.
Уый банысан кодта, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсе кæй сарæзтой иумæйаг хъахъхъæнæн тыгъдад, æмæ республикæмæ цыфæнды гæрзифтонг æрбабырст дæр Уæрæсе кæй банымайдзæн йæхи ныхмæ агрессийыл. Уыцы фактор уромы провокацитæй гуырдзиаг радикалты.
Гаглойты Аланы ныхæстæм гæсгæ, бадзырд ахъаз у Хуссар Ирыстоны гарзджын тыхты модернизацийæн. Уый хауы материалон-техникон ифтонгадмæ дæр.
"Хъахъхъæнæн къабазы не `мгуыстад ахæм къæпхæнмæ кæй схизын кодтам, нæ территорийыл 4-æм уæрæсейаг æфсæддон базæ кæй ис, уый руаджы Хуссар Ирыстон у æдас", – загъта президент.
Уымæй дарддæр, Гаглойты Алан фехъусын кодта, Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстон `хсæн контакт кæй вæййы Женевæйаг дискусситы. Фæлæ Гуырдзыстон нæ разы кæны, тыхæй кæй нæ архайдзæн, уый фæдыл юридикон документ бафыссын, æмæ уый æвзæрырдæм æндавы дыууæ бæстæйы ахастытыл, – банысан кодта президент.
"Уый бæсты нæм спекулятивон æгъдауæй сидынц, цæмæй 2030 азмæ Гуырдзыстонимæ иумæ Евроцæдисы скондмæ бацæуæм. Хуссар Ирыстон раджы равзæрста йæ хæлæртты æмæ йе `мцæдисонты. Мах цæуæм Уæрæсеимæ интеграцийы фæндагыл", – загъта Гаглойты Алан.
Гаглойты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.08.2024
Цхинвал архайы Минскимæ ахастытæ сфидар кæныныл
Ног хабӕртты лентӕ
0