Хуссар Иры парламент нæ ауадздзæн сесси ацы къуыри

© Sputnik / Наталья АйриянРХИ парламент
РХИ парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.09.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 11 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламент ацы къуыри нæ нывæнды ауадзын сесси. Уый тыххæй Sputnik-æн фехъусын кодтой республикæйы закондæттæг органы.
"Ацы къуыри парламенты нæ ацæудзæн рабадт", - банысан кодтой уагдоны.
Уый размæ парламенты вице-спикер Бесаты Зита йæ интервьюйы Sputnik-æн фехъусын кодта, парламенты фыццаг сесси сæрдыгон каникулты фæстæ кæй ацæудзæн сентябры æмбисы.
Парламенты депутаттæ сног кодтой сæ куыст 3 сентябры. Каникултæм ацæуыны размæ уалдзыгон сессийы фæстаг рабадтыл депутаттæ сфидар кодтой Националон банчы ног сæргълæууæджы кандидатурæ, райстой къорд законы тæрхондоны системæйы къабазы, бахастой ивындзинæдтæ бюджетмæ æмæ байхъуыстой хицауады хыгъдлæвæрдмæ 2023 азы архайды фæдыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0