Стыр театры сценӕйыл равдисдзысты балет "Фатимӕ"

© Sputnik / Михаил АвагимовБалет "Фатимӕ"
Балет Фатимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.09.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 17 сен - Sputnik. Мӕскуыйы Стыр театры равдисдзысты ирон композитор Плиты Жаннайы музыкӕмӕ гӕсгӕ балет "Фатимӕ", хъусын кӕны театры пресс-службӕ.
Равдыст ацӕудзӕн 13 октябры Цӕгат Ирыстоны бонты фӕлгӕтты Мӕскуыйы.
Балеты премьерӕ ацыд Дзӕуджыхъӕуы 2023 азы ноябры, афтӕ ма Хуссар Ирыстоны Хетӕгкаты Къостайы номыл Паддзахадон драмон театры сценӕйыл.
Плиты Жанна у Хуссар Ирыстоны адӕмон артисткӕ, номдзыд композитор, пианисткӕ, Уӕрӕсейы Паддзахадон премийы лауреат.
Ног хабӕртты лентӕ
0