https://sputnik-ossetia.com/20240926/khussar-iry-parlamenty-ardzyrdtoy-turizmy-fadyl-zakonyl-30524174.html
Хуссар Иры парламенты ӕрдзырдтой туризмы фӕдыл законыл
Хуссар Иры парламенты ӕрдзырдтой туризмы фӕдыл законыл
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 26 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны туристон архайды фӕдыл закон дзуапп нӕ дӕтты республикӕйы реалитӕн ӕмӕ йӕм хъӕуы бахӕссын ивындзинӕдтӕ, фехъусын... 26.09.2024 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2024-09-26T11:10+0300
2024-09-26T11:10+0300
2024-09-26T11:10+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
хуссар иры парламент
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/09/1a/30523356_0:107:1024:683_1920x0_80_0_0_dee2f53d9fc63ceae0dfb8031a8c47ac.jpg
ЦХИНВАЛ, 26 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны туристон архайды фӕдыл закон дзуапп нӕ дӕтты республикӕйы реалитӕн ӕмӕ йӕм хъӕуы бахӕссын ивындзинӕдтӕ, фехъусын кодта парламенты фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы фӕдыл комитеты сӕргълӕууӕг Табуты Роберт, хъусын кӕны РХИ парламенты пресс-службӕ.Комитеты сӕргълӕууӕг банхъардта ногӕй ӕрӕмбырд уын ӕмӕ ӕрныхас кӕнын, цы ивындзинӕдтӕ хъӕуы бахӕссын законмӕ, уыдоныл.Табуты Роберт бафтыдта, зӕгъгӕ, экономикӕйы министрады ахсджиаг скъуыддзаг уыд туристон порталы арӕзтад.Хуссар Ирыстоны экономикӕйы министр комитеты рабадтыл банысан кодта, порталыл куыст дарддӕр кӕй цӕуы, хаст дзы цӕуынц ног хӕйттӕ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2024
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/09/1a/30523356_54:0:965:683_1920x0_80_0_0_5707345ddff06e3140cb22057f206334.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар иры парламент
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар иры парламент
Хуссар Иры парламенты ӕрдзырдтой туризмы фӕдыл законыл
ЦХИНВАЛ, 26 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны туристон архайды фӕдыл закон дзуапп нӕ дӕтты республикӕйы реалитӕн ӕмӕ йӕм хъӕуы бахӕссын ивындзинӕдтӕ, фехъусын кодта парламенты фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы фӕдыл комитеты сӕргълӕууӕг Табуты Роберт, хъусын кӕны РХИ парламенты пресс-службӕ.
"Ацы закон ист ӕрцыд уӕрӕсейаг законады аналогимӕ гӕсгӕ. Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, уый дзуапп нӕ дӕтты нӕ реалитӕн. Афтӕ ма ӕххӕст нӕ цӕуынц законы кӕцыдӕр нормӕтӕ. Ист ӕрцыд барамынд туристон агентад саразыны фӕдыл, фӕлӕ уый нырма ӕххӕст не ‘рцыд", - загъта Табуты Роберт комитеты рабадтыл.
Комитеты сӕргълӕууӕг банхъардта ногӕй ӕрӕмбырд уын ӕмӕ ӕрныхас кӕнын, цы ивындзинӕдтӕ хъӕуы бахӕссын законмӕ, уыдоныл.
Табуты Роберт бафтыдта, зӕгъгӕ, экономикӕйы министрады ахсджиаг скъуыддзаг уыд туристон порталы арӕзтад.
Хуссар Ирыстоны экономикӕйы министр комитеты рабадтыл банысан кодта, порталыл куыст дарддӕр кӕй цӕуы, хаст дзы цӕуынц ног хӕйттӕ.