Хуссар Иры парламенты банхъардтой фехалын бадзырдтӕ зӕххы ӕнӕраст арендатортимӕ

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры хъӕу
Хуссар Иры хъӕу - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.10.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 30 окт - Sputnik. Арендатортӕ цы зӕххы фадгуытӕй нӕ пайда кӕнынц, уыдон хъӕуы раттын чи чыл кусдзӕн, ахӕм адӕмӕн, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны парламенты сӕудӕджерад, арӕзтад, транспорт, бастдзинад ӕмӕ ӕрдзон ресурсты комитеты сӕрдар Сланты Иван.
Парламенты пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй зӕххы фадгуыты фарстмӕ ӕркастысты дыууӕ парламентон комитеты иумӕйаг рабадтыл.
"Арендӕйы ист зӕххыты фылдӕр хай куыст нӕ цӕуы. Зӕххы фадыгыл бакусыны ӕмгъуыд у дыууӕ-ӕртӕ мӕйы. Кӕд адӕймаг уыцы период нӕ пайда кӕны зӕххӕй, уӕд ӕй хъӕуы райсын ӕмӕ раттын чи йыл кусдзӕн, ахӕм адӕмӕн", - загъта Сланты Иван.
Рабадтмӕ фӕхуыдтой паддзахадон мулкъ ӕмӕ зӕххы ахастыты фӕдыл комитеты сӕргълӕууӕг Остъаты Зӕринӕйы. Уый бахахх кодта, проблемӕ кӕй у актуалон, афтӕ ма банысан кодта, абоны бон республикӕйы районты кӕй бафыстӕуыд 1150 бадзырды зӕххы фадгуыты арендӕйы фӕдыл.
Экономикӕ, чысыл амалиуӕгад ӕмӕ хъӕууон хӕдзарады парламентон комитеты сӕрдар Къуезерты Арсен банысан кодта, арендатортӕ арӕх кӕй ауӕй кӕнынц сӕ зӕххытӕ.
Цхинвалы районы сӕргълӕууӕг Бӕззаты Инал фехъусын кодта, проблемӕ аскъуыддзаг кӕнынӕн кӕй хъӕуы аиуварс кӕнын "хионизм"-ы принцип.
Бӕззаты Инал банхъардта саразын иумӕйаг къамис, цы ран уыдзысты районтӕ ӕмӕ парламенты минӕвӕрттӕ, ӕмӕ иумӕ бакусын ацы фарстыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0