https://sputnik-ossetia.com/20241119/khussar-iry-parlamenty-bankhardtoy-fakarzdar-kanyn-afkhard-narkotikon-buaradty-fadyl-31040751.html
Хуссар Иры парламенты банхъардтой фӕкарздӕр кӕнын ӕфхӕрд наркотикон буарадты фӕдыл
Хуссар Иры парламенты банхъардтой фӕкарздӕр кӕнын ӕфхӕрд наркотикон буарадты фӕдыл
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 19 ноя - Sputnik. Хуссар Ирыстоны хъӕуы фӕкарздӕр кӕнын ӕфхӕрд республикӕйы тобӕгонд буарад "Лирика" ӕмӕ йӕ аналогтӕй пайда кӕныны тыххӕй, фехъусын... 19.11.2024 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2024-11-19T12:28+0300
2024-11-19T12:28+0300
2024-11-19T12:28+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
хуссар иры парламент
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/04/0b/16273474_0:125:3134:1888_1920x0_80_0_0_08377eb8fb059f1ab6217d9a11b3208f.jpg
ЦХИНВАЛ, 19 ноя - Sputnik. Хуссар Ирыстоны хъӕуы фӕкарздӕр кӕнын ӕфхӕрд республикӕйы тобӕгонд буарад "Лирика" ӕмӕ йӕ аналогтӕй пайда кӕныны тыххӕй, фехъусын кодта парламенты вице-спикер Бесаты Зита.Закъондӕттӕг органы пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй наркотикон буарадтыл тобӕйы фӕдыл ӕрдзырдтой закъонад ӕмӕ бынӕттон хӕдразамынады парламентон комитеты рабадтыл.Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, карздӕр мадзӕлттӕ хъӕуы райсын тобӕгонд буарадты парахатгӕнджыты фӕдыл, уымӕн ӕмӕ уыдон ӕмбарынц, чысыл санкцитӕ кӕй сты, ӕмӕ сӕ бон у бафидын ивар ӕмӕ дарддӕр архайын.Ацы хъуыды хорзыл банымадтой генпрокурор Собаты Григорий ӕмӕ Мидхъуыддӕгты министрады сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Мамиты Эрислав. Бесаты Зита сын банхъардта бацӕттӕ кӕнын комитеты фидӕн рабадтмӕ сӕ хъӕппӕристӕ ног закъоны проекты фӕдыл.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2024
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/04/0b/16273474_225:0:2909:2013_1920x0_80_0_0_9c50f0fa3ca787971b81d20ff742132d.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар иры парламент
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар иры парламент
Хуссар Иры парламенты банхъардтой фӕкарздӕр кӕнын ӕфхӕрд наркотикон буарадты фӕдыл
ЦХИНВАЛ, 19 ноя - Sputnik. Хуссар Ирыстоны хъӕуы фӕкарздӕр кӕнын ӕфхӕрд республикӕйы тобӕгонд буарад "Лирика" ӕмӕ йӕ аналогтӕй пайда кӕныны тыххӕй, фехъусын кодта парламенты вице-спикер Бесаты Зита.
Закъондӕттӕг органы пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй наркотикон буарадтыл тобӕйы фӕдыл ӕрдзырдтой закъонад ӕмӕ бынӕттон хӕдразамынады парламентон комитеты рабадтыл.
"Санкцитӕ хъӕуы фӕкарздӕр кӕнын, ӕмӕ ӕз ӕнхъӕлмӕ кӕсын уӕ хъӕппӕристӕм, цӕмӕй ныридӕгӕн бавналӕм ног проекты арӕзтадмӕ", - загъта Бесаты Зита.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, карздӕр мадзӕлттӕ хъӕуы райсын тобӕгонд буарадты парахатгӕнджыты фӕдыл, уымӕн ӕмӕ уыдон ӕмбарынц, чысыл санкцитӕ кӕй сты, ӕмӕ сӕ бон у бафидын ивар ӕмӕ дарддӕр архайын.
Ацы хъуыды хорзыл банымадтой генпрокурор Собаты Григорий ӕмӕ Мидхъуыддӕгты министрады сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Мамиты Эрислав. Бесаты Зита сын банхъардта бацӕттӕ кӕнын комитеты фидӕн рабадтмӕ сӕ хъӕппӕристӕ ног закъоны проекты фӕдыл.