Дзæуджыхъæуы цæттæ кæнынц "Хæхты минæвæрттæ"
10:47 27.11.2024 (Ранӕуӕггонд: 10:48 27.11.2024)
© Сайт Азанбега ДжанаеваИрыстоны минæварад
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 ноя – Sputnik. Декабры кæрон Цæгат Ирыстоны ацæудзæн Цæголты Василийы историон романмæ гæсгæ `вæрд спектакль "Хæхты минæвæрттæ"-йы премьерæ. Режиссер Уалыты Гиви Sputnik-æн куыд радзырдта, афтæмæй равдыст баст у, Ирыстон Уæрæсеимæ куы баиу, ууыл 250 азы сæххæстимæ.
"Цы хабар ракæнынмæ хъавæм, уый æвдисы,1749 азы Ирыстоны минæвæрттæ Магкаты Зураб, Хъесаты Елызбар æмæ Цопанаты Батырбег Уæрæсейы императрицæ Елизаветæмæ куыд ацыдысты, уый. Растæндæр ацы адæм сæвæрдтой Ирыстон æмæ Уæрæсейы хæларады рæбинаг цæджындз", – загъта спектакль æвæрæг.
Йæ ныхæстæм ма бафтыдта уый, æмæ равдысты сæйраг нысан у, цæмæй Ирыстоны адæм зоной сæ истори æмæ дзы уой сæрыстыр.
"Фæнды мæ, цæмæй, равдыстмæ чи бакæса, уыцы ног фæлтæр æмбара, Ирыстоны æцæг хъайтартæ чи сты. Мæнæн, зæгъæм, ахæм адæймаг у Магкаты Зураб. Уыцы заманы цытæ цыдис æмæ Ирыстоны цы уавæры уыдис, уыдæттæ хынцгæйæ, Зураб цы сарæзта, уый тынг зын саразæн уыд. Махæй йæ æмбаргæ дæр ничи кæны, цас хъару дзы домдта уый, цал хатты йæм лæбурдтой, цавæр уыди, Ирыстон Уæрæсеимæ баиу уа, уый кæй нæ фæндыд, уыцы адæмы цæсты. Мæнмæ гæсгæ, Магкаты Зураб, Хъесаты Елызбар, Цопанаты Батырбег сты, Ирыстоны æмæ Аланийы истори чи сарæзта, уыцы адæм", – фæбæлвырддæр кодта Уалыты Гиви.