https://sputnik-ossetia.com/20241205/khussar-iry-sakhkhast-kandzysty-internatta-ama-syvallatty-khadzary-sabity-nogazon-ballitsta-31237308.html
Хуссар Иры сӕххӕст кӕндзысты интернаттӕ ӕмӕ сывӕллӕтты хӕдзары сабиты ногазон бӕллицтӕ
Хуссар Иры сӕххӕст кӕндзысты интернаттӕ ӕмӕ сывӕллӕтты хӕдзары сабиты ногазон бӕллицтӕ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 5 дек – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Паддзахадон телерадиокомпани "Ир" цӕттӕ кӕны Ног азмӕ егъау хӕрзаудӕн проект "Мӕ ногазон бӕллиц", фехъусын кодта... 05.12.2024 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2024-12-05T14:43+0300
2024-12-05T14:43+0300
2024-12-05T14:43+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
ног аз
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/983/15/9831543_0:161:3071:1888_1920x0_80_0_0_5b6ac84cd79812fb7634a9376fbd5a6d.jpg
ЦХИНВАЛ, 5 дек – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Паддзахадон телерадиокомпани "Ир" цӕттӕ кӕны Ног азмӕ егъау хӕрзаудӕн проект "Мӕ ногазон бӕллиц", фехъусын кодта Sputnik-ӕн телерадиокомпанийы сӕйраг редактор Козаты Дзерассӕ.Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, проект реализаци цӕуы цалдӕр азы дӕргъы. Фарон акцийы хайад истой 300 сывӕллоны бӕрц, ацы аз та проекты масштаб рауӕрӕх кӕндзысты.Акцийы хайад исынц политиктӕ, ӕхсӕнадон архайджытӕ, республикӕйы хуымӕтӕг цӕрджытӕ, афтӕ ма сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы хайадисӕг ӕфсӕддонтӕ.Проект реализаци цӕуы паддзахады сӕргълӕууӕджы финансон ӕххуысӕй.
https://sputnik-ossetia.com/20241126/dzudzhykhun-tstt-knynts-nogazon-flyst-31117399.html
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2024
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/983/15/9831543_171:0:2902:2048_1920x0_80_0_0_bbd4f9a75193efdd3de7dcb944c4c84f.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, ног аз
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, ног аз
Хуссар Иры сӕххӕст кӕндзысты интернаттӕ ӕмӕ сывӕллӕтты хӕдзары сабиты ногазон бӕллицтӕ
ЦХИНВАЛ, 5 дек – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Паддзахадон телерадиокомпани "Ир" цӕттӕ кӕны Ног азмӕ егъау хӕрзаудӕн проект "Мӕ ногазон бӕллиц", фехъусын кодта Sputnik-ӕн телерадиокомпанийы сӕйраг редактор Козаты Дзерассӕ.
"Президенты администрациимӕ мах цӕттӕ кӕнӕм хӕрзаудӕн программӕ, уый фӕлгӕтты фӕнд кӕнӕм раттын лӕвӕрттӕ сывӕллӕттӕн Цхинвал ӕмӕ Дзауы интернаттӕй, афтӕ ма Ленингоры сывӕллӕтты хӕдзары хъомылгӕнинӕгтӕн", - загъта сӕйраг редактор.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, проект реализаци цӕуы цалдӕр азы дӕргъы. Фарон акцийы хайад истой 300 сывӕллоны бӕрц, ацы аз та проекты масштаб рауӕрӕх кӕндзысты.
Акцийы хайад исынц политиктӕ, ӕхсӕнадон архайджытӕ, республикӕйы хуымӕтӕг цӕрджытӕ, афтӕ ма сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы хайадисӕг ӕфсӕддонтӕ.
"Интернаттӕ ӕмӕ сывӕллӕтты хӕдзары хъомылгӕнинӕгтӕ ӕрбацӕудзысты ПТРК "Ир"-ы студимӕ. Уыдон сӕхӕдӕг сӕ бӕллицтимӕ фыстӕджытӕй сфӕлынддзысты ногазон назбӕлас. Цалдӕр боны дӕргъы фадат уыдзӕн ӕрбацӕуын ӕмӕ сӕххӕст кӕнын сабиты бӕллицтӕ. Проекты хатдзӕгтӕм гӕсгӕ программӕ нӕ телеканалы эфиры рацӕудзӕн 31 декабры", - радзырдта Козаты Дзерассӕ.
Проект реализаци цӕуы паддзахады сӕргълӕууӕджы финансон ӕххуысӕй.