https://sputnik-ossetia.com/20241218/khussar-iry-raystoy-paddzakhadon-byudzhet-2025-azma-31376508.html
Хуссар Иры райстой паддзахадон бюджет 2025 азмӕ
Хуссар Иры райстой паддзахадон бюджет 2025 азмӕ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 18 дек – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны парламент ӕртыццӕджы сфидар кодта 2025 азмӕ республикӕйы паддзахадон бюджеты закъоны проект. 18.12.2024 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2024-12-18T16:30+0300
2024-12-18T16:30+0300
2024-12-18T16:30+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
хуссар иры парламент
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/03/01/11883686_0:65:3071:1792_1920x0_80_0_0_1042303da17d7935d196d29c536a0fde.jpg
ЦХИНВАЛ, 18 дек – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны парламент ӕртыццӕджы сфидар кодта 2025 азмӕ республикӕйы паддзахадон бюджеты закъоны проект.Парламенты сессийы ӕркастмӕ фарст рахастой бюджет ӕмӕ хъалонты фӕдыл парламентон комитеты сӕргълӕууӕг Томайты Спартак ӕмӕ финансты министр Тадтаты Дзамболат. Финансты министр банысан кодта, республикӕйы бюджеты ӕфтиӕгтӕ 2025 азы уыдзысты 8 миллиард 871 милуан сомы, уыдонӕй уӕрӕсейаг финансон ӕххуыс у 7 миллиард 35 милуан сомы.Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, бюджеты хӕрдзтӕ та уыдзысты 9 миллиард 314 милуан сомы.Депутатты фылдӕр хай схъӕлӕс кодтой ацы закъоны проект райсыныл.
https://sputnik-ossetia.com/20241205/besaty-zita-komitetta-srazy-sty-prezidentay-arbavdisga-tarkhongandzhyty-kandidaturatyl-31237992.html
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2024
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/03/01/11883686_164:0:2895:2048_1920x0_80_0_0_6c5546c7adb27fe0c769655cb653c819.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар иры парламент
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар иры парламент
Хуссар Иры райстой паддзахадон бюджет 2025 азмӕ
ЦХИНВАЛ, 18 дек – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны парламент ӕртыццӕджы сфидар кодта 2025 азмӕ республикӕйы паддзахадон бюджеты закъоны проект.
Парламенты сессийы ӕркастмӕ фарст рахастой бюджет ӕмӕ хъалонты фӕдыл парламентон комитеты сӕргълӕууӕг Томайты Спартак ӕмӕ финансты министр Тадтаты Дзамболат. Финансты министр банысан кодта, республикӕйы бюджеты ӕфтиӕгтӕ 2025 азы уыдзысты 8 миллиард 871 милуан сомы, уыдонӕй уӕрӕсейаг финансон ӕххуыс у 7 миллиард 35 милуан сомы.
"Уыцы суммӕйӕ 5 миллиард 942 милуан сомы у финансон ӕххуыс Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон райрӕзтӕн, 1 миллиард 93 милуан сомы та у финансон ӕххуыс Инвестпрограммӕйы реализацийӕн", - загъта Тадтаты Дзамболат.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, бюджеты хӕрдзтӕ та уыдзысты 9 миллиард 314 милуан сомы.
"Афтӕмӕй паддзахадон бюджеты дефицит фидӕн аз уыдзӕн 443 милуан сомы. Уый ӕхгӕд ӕрцӕудзӕн проекттӕй цы ӕхцайы фӕрӕзтӕ баззайой, уыдонӕй, афтӕ ма Уӕрӕсейы финансон ӕххуысы руаджы. Октябры мах ныридӕгӕн райстам нӕ уӕрӕсейаг коллегӕтӕй 169,5 милуан сомы, ноджы 91,5 милуан сомы та райсдзыстӕм азы кӕронмӕ", - банысан кодта министр.
Депутатты фылдӕр хай схъӕлӕс кодтой ацы закъоны проект райсыныл.