Хуссар Иры Нацбанк 2025 азы рауадздзæн фыццаг банкнотæ

© Sputnik / Natalia AiriyanРХИ Нацбанк
РХИ Нацбанк - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.12.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 дек - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Национ банк 2025 азы фæнд кæны рауадзын фыццаг банкнотæ 100 зæрины номиналимæ, фехъусын кодта уагдоны сæргълæууæг Бекъойты Сослан парламенты сессийы рæстæджы.
Ацы нывæстытæн бахъуыд бахæсын ивындзинæдтæ закъондæттынадмæ. Уый фæдыл цыппæрæмы депутаттæ райстой закъон зæрдылдарæн æмæ инвестицион монетæтæ æмæ зæрдылдарæн банкнотæты фæдыл.
Æмбæлон хъæппæрис бахаста парламенты бюджет æмæ хъалонты фæдыл комитет.
Финансон уагдоны сæргълæууæг Бекъойты Сослан банысан кодта, банк 2013 азæй фæстæмæ кæй уадзы зæрдылдарæн æмæ инвестицион монетæтæ.
"Фæлæ закъон бар нæ дæтты Нацбанкæн рауадзын банкнотæтæ. Уыимæ иумæ, мах фæнд кæнæм республикæ расидыны Бонмæ рауадзын фыццаг банкнотæ 100 зæрины номиналимæ", - загъта Бекъойты Сослан.
Депутаттæ æмхъæлæсæй райстой ацы закъоны проект.
Ног хабӕртты лентӕ
0