Хуссар Иры парламент сфидар кодта Паддзахадон Думæимæ æмгуыстады фæдыл къамисы сконд

© Sputnik / Мария СанакоеваХуссар Иры парламент сфидар кодта Паддзахадон Думæимæ æмгуыстады фæдыл къамисы сконд
Хуссар Иры парламент сфидар кодта Паддзахадон Думæимæ æмгуыстады фæдыл къамисы сконд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.12.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 дек - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламент цыппæрæмы сфидар кодта Уæрæсейы Паддзахадон Думæимæ æмгуыстады фæдыл къамисы сконд.
Къамисы сконды сты æртæ вице-спикеры æмæ сæйраг парламентон комитетты сæргълæуджытæ. Къамисы сконды æдæппæт сты дæс депутаты, хуссарирыстойнаг хайы сæргъ слæууыд фыццаг вице-спикер Бесаты Зита.
Спикер Мæргъиты Алан зæрдыл æрбалæууын кодта, уый размæ Паддзахадон Думæ æмæ Хуссар Ирыстоны парламенты æхсæн кæй бафыстæуыд æмгуыстады фæдыл бадзырд. Фарон октябры Паддзахадон Думæ сфидар кодта къамисы уæрæсейаг хайы сконд.
"Нæ къамисы сконды ис дæс адæймаджы. Фæлæ æндæр депутаттæн дæр фадат ис хайад исын йæ куысты æмæ бахæссын хъæппæристæ", - загъта Мæргъиты Алан.
Парламенты спикер бахахх кодта, зæгъгæ, Паддзахадон Думæйы сæргълæууæг Вячеслав Володинимæ æрдзырдтой иууыл ахсджиагдæр фарстытыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0