https://sputnik-ossetia.com/20250130/khussar-iry-parlamenty-rdzyrdtoy-sfldystadon-tsdisty-finansknynady-mekhanizmyl-31809376.html
Хуссар Иры парламенты æрдзырдтой сфæлдыстадон цæдисты финанскæнынады механизмыл
Хуссар Иры парламенты æрдзырдтой сфæлдыстадон цæдисты финанскæнынады механизмыл
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 30 янв - Sputnik. Журналисттæ, нывгæнджытæ æмæ фысджыты Цæдисты финанскæнынады механизмыл æрдзырдтой парламенты националон политикæ, культурæ, дин æмæ... 30.01.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-01-30T12:30+0300
2025-01-30T12:30+0300
2025-01-30T12:30+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
хуссар иры парламент
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/08/03/24818484_0:161:3071:1888_1920x0_80_0_0_3e9679526e212ca40618d7734024904d.jpg
ЦХИНВАЛ, 30 янв - Sputnik. Журналисттæ, нывгæнджытæ æмæ фысджыты Цæдисты финанскæнынады механизмыл æрдзырдтой парламенты националон политикæ, культурæ, дин æмæ ДИФ-ты фæдыл комитеты рабадтыл, хъусын кæны республикæйы парламенты пресс-службæ.Сфæлдыстадон цæдистæм финанскæнынад 2023 азы онг цыд культурæйы министрады уылты культурæйы райрæзты программæйы фæлгæтты.Йæ ныхæстæм гæсгæ, кæд организаци хæдбар у, уæд йæ архайд дæр хъуамæ цæуа уæнгон фиддонты руаджы.Фысджыты цæдисы разамонæг Гæбæраты Юрий сразы, цæдистæн фæрæзтæ кæй ма хъуамæ хицæн кæной культурæйы министрады хаххыл.Бюджет æмæ хъалонты фæдыл парламентон комитеты сæргълæууæг Томайты Спартак бахахх кодта, бюджеты бындурты фæдыл закъонмæ гæсгæ уагдонæн нæй бар æххæст кæнын æнæведомствæйон организациты финанскæнынад.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/08/03/24818484_170:0:2901:2048_1920x0_80_0_0_8d3ce0810af80ebb6e4b0c9da2865eea.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар иры парламент
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар иры парламент
Хуссар Иры парламенты æрдзырдтой сфæлдыстадон цæдисты финанскæнынады механизмыл
ЦХИНВАЛ, 30 янв - Sputnik. Журналисттæ, нывгæнджытæ æмæ фысджыты Цæдисты финанскæнынады механизмыл æрдзырдтой парламенты националон политикæ, культурæ, дин æмæ ДИФ-ты фæдыл комитеты рабадтыл, хъусын кæны республикæйы парламенты пресс-службæ.
Сфæлдыстадон цæдистæм финанскæнынад 2023 азы онг цыд культурæйы министрады уылты культурæйы райрæзты программæйы фæлгæтты.
"Цæдистæн финансон фæрæзтæ хицæн кодтой ацы программæйы фæлгæтты. Мах сæххæст кодтам æртæ цæдисы финанскæнынад 2023-2024 азты æмæ райстам хыгъдлæвæрдтæ фæрæзтæ хардз кæныны фæдыл, уымæ гæсгæ фæрæзтæ истой сæргълæуджытæ æмæ хицæн кусджытæ. Куыд æй æмбарын, афтæмæй ацы фæрæзтæ хардз цыдысты цæдисты кусджыты мыздтыл. Фæлæ культурæйы райрæзты фæдыл паддзахадон программæйы финанскæнынад нæй куысты мызды статьямæ гæсгæ", - банысан кодта культурæйы министр Зæгъойты Рада.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, кæд организаци хæдбар у, уæд йæ архайд дæр хъуамæ цæуа уæнгон фиддонты руаджы.
Фысджыты цæдисы разамонæг Гæбæраты Юрий сразы, цæдистæн фæрæзтæ кæй ма хъуамæ хицæн кæной культурæйы министрады хаххыл.
"Культурæйы министрадæн ис йæхи хæстæ, æмæ уыдон сæххæст кæнынæн хъæуы фæрæзтæ. Фæлæ цæдисты дæр хъæуы фæрæзтæ, цæмæй сæ куыст кæной. Мах фæхъæуы фидын мыздтæ нæ кусджытæн", - загъта Гæбæраты Юрий.
Бюджет æмæ хъалонты фæдыл парламентон комитеты сæргълæууæг Томайты Спартак бахахх кодта, бюджеты бындурты фæдыл закъонмæ гæсгæ уагдонæн нæй бар æххæст кæнын æнæведомствæйон организациты финанскæнынад.