https://sputnik-ossetia.com/20250515/rkhi-rakuyrdta-ursey-siftong-knyn-pensity-respublikyy-paddzakhadon-sluzhbgndzhyty-33311877.html
РХИ ракуырдта Уæрæсейæ сифтонг кæнын пенситæй республикæйы паддзахадон службæгæнджыты
РХИ ракуырдта Уæрæсейæ сифтонг кæнын пенситæй республикæйы паддзахадон службæгæнджыты
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 15 май – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны паддзахадон службæгæнджыты пенсион ифтонгады фарстыл æрдзырдтой РХИ парламент æмæ Уæрæсейы... 15.05.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-05-15T13:11+0300
2025-05-15T13:11+0300
2025-05-15T13:11+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
хуссар иры парламент
уӕрӕсейы
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/05/0f/33308770_0:120:1280:840_1920x0_80_0_0_e4a8fb49728b3374b76b840e0aa7c11a.jpg
ЦХИНВАЛ, 15 май – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны паддзахадон службæгæнджыты пенсион ифтонгады фарстыл æрдзырдтой РХИ парламент æмæ Уæрæсейы Федерацийы Советы æхсæн æмгуыстады фæдыл Къамисы рабадтыл.Республикæйы парламенты æнæниздзинад хъахъхъæнынад æмæ социалон политикæйы комитеты сæргълæууæг Плиты Александр банысан кодта, Хуссар Ирыстоны Соцфондæн йæ бон кæй нæу йæхи тыхтæй фидын пенситæ республикæйы паддзахадон службæгæнджытæн.Федерацийы Советы федеративон арæзтад, регионалон политикæ, бынæттон хæдразамынад æмæ Цæгаты фарстыты фæдыл комитеты уæнг Виталий Назаренко бахахх кодта, Хуссар Ирыстоны кæй хъæуы райсын Уæрæсейы дæнцæг æмæ фæфылдæр кæнын пенсийы цæуыны кар."Æндæр гæнæн нæй. Республикæйы бюджет айвазынæн фадæттæ нæй", - бахахх кодта уый.Уæрæсейаг фарс ракуырдта хуссарирыстойнаг коллегæтæй лæмбынæгдæр бакусын ацы фарстыл, сæйраджыдæр, банымайын республикæйы пенсионерты нымæц, уый фæстæ ногæй æрдзурдзысты ацы фарстыл.
уӕрӕсейы
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/05/0f/33308770_0:0:1280:960_1920x0_80_0_0_406379ad02c4d4a665e80824c27ada23.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар иры парламент, уӕрӕсейы
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар иры парламент, уӕрӕсейы
РХИ ракуырдта Уæрæсейæ сифтонг кæнын пенситæй республикæйы паддзахадон службæгæнджыты
ЦХИНВАЛ, 15 май – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны паддзахадон службæгæнджыты пенсион ифтонгады фарстыл æрдзырдтой РХИ парламент æмæ Уæрæсейы Федерацийы Советы æхсæн æмгуыстады фæдыл Къамисы рабадтыл.
Республикæйы парламенты æнæниздзинад хъахъхъæнынад æмæ социалон политикæйы комитеты сæргълæууæг Плиты Александр банысан кодта, Хуссар Ирыстоны Соцфондæн йæ бон кæй нæу йæхи тыхтæй фидын пенситæ республикæйы паддзахадон службæгæнджытæн.
"Нæ паддзахадон службæгæнджыты пенсион ифтонгадæн хъæуы 840 милуан сомы. Фæлæ Соцфонды ацы æхца нæй, æмæ уый фæдыл йæ бон нæу фидын аккаг пенси", - загъта депутат.
Федерацийы Советы федеративон арæзтад, регионалон политикæ, бынæттон хæдразамынад æмæ Цæгаты фарстыты фæдыл комитеты уæнг Виталий Назаренко бахахх кодта, Хуссар Ирыстоны кæй хъæуы райсын Уæрæсейы дæнцæг æмæ фæфылдæр кæнын пенсийы цæуыны кар.
"Æндæр гæнæн нæй. Республикæйы бюджет айвазынæн фадæттæ нæй", - бахахх кодта уый.
Уæрæсейаг фарс ракуырдта хуссарирыстойнаг коллегæтæй лæмбынæгдæр бакусын ацы фарстыл, сæйраджыдæр, банымайын республикæйы пенсионерты нымæц, уый фæстæ ногæй æрдзурдзысты ацы фарстыл.