https://sputnik-ossetia.com/20250521/tsgat-iry-teatr-ravdisdzn-spektaklt-paddzakhadon-dramon-teatry-stsenyyl-33386955.html
Цæгат Иры театр равдисдзæн спектаклтæ Паддзахадон драмон театры сценæйыл
Цæгат Иры театр равдисдзæн спектаклтæ Паддзахадон драмон театры сценæйыл
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 21 май – Sputnik. Тæбæхсауты Балойы номыл Цæгат Ирыстоны паддзахадон академион театр гастролон туры фæлгæтты равдисдзæн йæ спектаклтæ Цхинвалы. Уый... 21.05.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-05-21T10:00+0300
2025-05-21T10:00+0300
2025-05-21T10:00+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
цӕгат ирыстон
театр
аивад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/838/69/8386970_0:30:3071:1757_1920x0_80_0_0_993bae963cf33d2b0a7b6d88cd7c3e7e.jpg
ЦХИНВАЛ, 21 май – Sputnik. Тæбæхсауты Балойы номыл Цæгат Ирыстоны паддзахадон академион театр гастролон туры фæлгæтты равдисдзæн йæ спектаклтæ Цхинвалы. Уый тыххæй Sputnik-æн радзырдта театры аивадон разамонæг Уалыты Гиви.Йæ ныхæстæм гæсгæ, Хуссар Ирыстоны кæсджытæн бавдисдзысты æртæ спектаклы.Уалыты Гиви ма фехъусын кодта, хуссарирыстойнаг театр та кæй æрцæудзæн Цæгат ирыстонмæ фæззæджы, ног театралон сезон куы байгом уа, уæд.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/838/69/8386970_0:0:2731:2048_1920x0_80_0_0_95dbbec4d48360620fd45898854fd509.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, цӕгат ирыстон, театр, аивад
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, цӕгат ирыстон, театр, аивад
Цæгат Иры театр равдисдзæн спектаклтæ Паддзахадон драмон театры сценæйыл
ЦХИНВАЛ, 21 май – Sputnik. Тæбæхсауты Балойы номыл Цæгат Ирыстоны паддзахадон академион театр гастролон туры фæлгæтты равдисдзæн йæ спектаклтæ Цхинвалы. Уый тыххæй Sputnik-æн радзырдта театры аивадон разамонæг Уалыты Гиви.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Хуссар Ирыстоны кæсджытæн бавдисдзысты æртæ спектаклы.
"Мах æрласдзыстæм æртæ спектаклы: аргъау "Бременские музыканты" æмæ спектаклтæ "Гæздæнтæ" æмæ "12 стульев". Сывæллæтты спектакль равдисдзыстæм æнæаргъæй. Кæд бахъæуа, уæд æй дыууæ хатты дæр равдисдзыстæм", - радзырдта Уалыты Гиви.
Уалыты Гиви ма фехъусын кодта, хуссарирыстойнаг театр та кæй æрцæудзæн Цæгат ирыстонмæ фæззæджы, ног театралон сезон куы байгом уа, уæд.