https://sputnik-ossetia.com/20250908/tskhinvaly-baygom-keramikayy-kruzhok-34986932.html
Цхинвалы байгом керамикӕйы кружок
Цхинвалы байгом керамикӕйы кружок
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 8 сен — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы ӕвзонг техникты Станцы базӕйыл бакодтой керамикӕйы кружок. Уый тыххӕй Sputnik-ӕн радзырдта уагдоны директор... 08.09.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-09-08T13:25+0300
2025-09-08T13:25+0300
2025-09-08T13:25+0300
хуссар иры парламент
ног хабӕрттӕ
аивад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/431/87/4318789_0:433:4418:2918_1920x0_80_0_0_0c352ce58f3885447537e37f7a0235e9.jpg
ЦХИНВАЛ, 8 сен — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы ӕвзонг техникты Станцы базӕйыл бакодтой керамикӕйы кружок. Уый тыххӕй Sputnik-ӕн радзырдта уагдоны директор Калаты Нариман.Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, кружокы кӕстӕр ӕмӕ хистӕр кары къордтӕм райдыдтой исын 5 сентябрӕй.Уагдоны директор бафтыдта, зӕгъгӕ, сывӕллӕтты ахуыр кӕндзысты аразын хӕдзарон мигӕнӕнтӕ, ӕлыгыл арт ӕфтауын, орнаменттӕ аразын ӕмӕ кусын керамикӕйы цалдӕр техникӕйӕ.Цхинвалы раздӕр уыд керамикӕйы цех, фӕлӕ йӕ нӕ бантыст сцалцӕг ӕмӕ скусын кӕнын.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/431/87/4318789_182:0:4107:2944_1920x0_80_0_0_cfc13f320c6cf70d00fbd40a551a4de8.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар иры парламент, ног хабӕрттӕ, аивад
хуссар иры парламент, ног хабӕрттӕ, аивад
Цхинвалы байгом керамикӕйы кружок
ЦХИНВАЛ, 8 сен — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы ӕвзонг техникты Станцы базӕйыл бакодтой керамикӕйы кружок. Уый тыххӕй Sputnik-ӕн радзырдта уагдоны директор Калаты Нариман.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, кружокы кӕстӕр ӕмӕ хистӕр кары къордтӕм райдыдтой исын 5 сентябрӕй.
"Махмӕ ис ахуыргӕнӕг – Зассеты Мӕдинӕ, уый каст фӕцис Дзанайты Азамбеджы номыл аивӕдты колледж Дзӕуджыхъӕуы – йӕ дӕсниад "керамикӕ". Ныртӕккӕ дарддӕр кӕны сывӕллӕтты райст", - банысан кодта Калаты Нариман.
Уагдоны директор бафтыдта, зӕгъгӕ, сывӕллӕтты ахуыр кӕндзысты аразын хӕдзарон мигӕнӕнтӕ, ӕлыгыл арт ӕфтауын, орнаменттӕ аразын ӕмӕ кусын керамикӕйы цалдӕр техникӕйӕ.
Цхинвалы раздӕр уыд керамикӕйы цех, фӕлӕ йӕ нӕ бантыст сцалцӕг ӕмӕ скусын кӕнын.