https://sputnik-ossetia.com/20251218/khussar-iry-parlamenty-ardzyrdtoy-rastagma-arbalasty-problemayyl-36571383.html
Хуссар Иры парламенты ӕрдзырдтой рӕстӕгмӕ ӕрбаласты проблемӕйыл
Хуссар Иры парламенты ӕрдзырдтой рӕстӕгмӕ ӕрбаласты проблемӕйыл
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 18 дек – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны парламенты сессийы рабадтыл ӕрныхас кодтой хӕдтулгӕты рӕстӕгмӕ ӕрбаласты фарстыл дӕр. 18.12.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-12-18T13:34+0300
2025-12-18T13:34+0300
2025-12-18T14:45+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
хуссар иры парламент
таможнæ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/03/14/22034035_270:301:1280:869_1920x0_80_0_0_7e7ea3b1bca1db2d6e8b11f3aeca6dfa.jpg
ЦХИНВАЛ, 18 дек – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны парламенты сессийы рабадтыл ӕрныхас кодтой хӕдтулгӕты рӕстӕгмӕ ӕрбаласты фарстыл дӕр.Фарст рахаста депутат Пухаты Владимир. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Хуссар Ирыстоны бирӕ цӕрджытӕн сӕ бон нӕу сӕхгӕнын рӕстӕгмӕ ӕрбаласт ӕмӕ зӕрдыл ӕрбалӕууын кодта, уый размӕ Таможнӕйон комитеты кӕй фехъусын кодтой, зӕгъгӕ, баххуыс кӕндзысты цӕрджытӕн ацы проблемӕимӕ.Хуссар Ирыстоны таможнӕйы комитеты сӕргълӕууӕг Цоциты Александр бахахх кодта, ацы проблемӕ аскъуыддзаг кӕныныл ныртӕккӕ куыст кӕй цӕуы.Афтӕ ма РХИ Таможнӕйы комитет бацӕттӕ кодта фыстӕг Уӕрӕсейы таможнӕйы комитетмӕ, цӕмӕй республикӕйы цӕрджытӕй рӕстӕгмӕ ӕрбаласты ӕмгъуыд чи нӕ сӕххӕст кодта, уыдонӕн бар уа цӕуын Уӕрӕсемӕ.Парламенты спикер Мӕргъиты Алан бафтыдта, зӕгъгӕ, депутатон корпус бакусдзӕн ацы фарстыл Уӕрӕсейы Паддзахадон Думӕ ӕмӕ Федерацийы Советимӕ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/03/14/22034035_0:0:1280:960_1920x0_80_0_0_9deeabeaa607fa16b8c25dea5efc7da7.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар иры парламент, таможнæ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар иры парламент, таможнæ
Хуссар Иры парламенты ӕрдзырдтой рӕстӕгмӕ ӕрбаласты проблемӕйыл
13:34 18.12.2025 (Ранӕуӕггонд: 14:45 18.12.2025) ЦХИНВАЛ, 18 дек – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны парламенты сессийы рабадтыл ӕрныхас кодтой хӕдтулгӕты рӕстӕгмӕ ӕрбаласты фарстыл дӕр.
Фарст рахаста депутат Пухаты Владимир. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Хуссар Ирыстоны бирӕ цӕрджытӕн сӕ бон нӕу сӕхгӕнын рӕстӕгмӕ ӕрбаласт ӕмӕ зӕрдыл ӕрбалӕууын кодта, уый размӕ Таможнӕйон комитеты кӕй фехъусын кодтой, зӕгъгӕ, баххуыс кӕндзысты цӕрджытӕн ацы проблемӕимӕ.
Хуссар Ирыстоны таможнӕйы комитеты сӕргълӕууӕг Цоциты Александр бахахх кодта, ацы проблемӕ аскъуыддзаг кӕныныл ныртӕккӕ куыст кӕй цӕуы.
"Хуссар Ирыстоны президент арвыста фыстӕг Уӕрӕсейы премьер-министр Михаил Мишустиныл номыл, цӕмӕй ацух кӕной цы рӕстӕгмӕ ӕрбаласты ӕмгъуыдтӕ фесты, уыдон. Уыцы фыстӕг стӕй ӕрбарвыстой Уӕрӕсейы таможнӕйы комитетмӕ, ӕмӕ нын абоны бон нӕ коллегӕтӕ дзурынц, нырма сӕ бон кӕй у ацух кӕныны 2015 азы онг рӕстӕгмӕ ӕрбаласты цаутӕ. Уыимӕ иумӕ, кӕцыдӕр цаутӕ хъӕудзӕн хицӕнӕй ӕвзарын", - банысан кодта таможнӕйы хистӕр.
Афтӕ ма РХИ Таможнӕйы комитет бацӕттӕ кодта фыстӕг Уӕрӕсейы таможнӕйы комитетмӕ, цӕмӕй республикӕйы цӕрджытӕй рӕстӕгмӕ ӕрбаласты ӕмгъуыд чи нӕ сӕххӕст кодта, уыдонӕн бар уа цӕуын Уӕрӕсемӕ.
Парламенты спикер Мӕргъиты Алан бафтыдта, зӕгъгӕ, депутатон корпус бакусдзӕн ацы фарстыл Уӕрӕсейы Паддзахадон Думӕ ӕмӕ Федерацийы Советимӕ.