https://sputnik-ossetia.com/20260608/gagloyty-alan-bavdysta-parlamentma-khambolty-maraty-kandidatura-premer-ministry-bynatma-39410118.html
РХИ президент бавдыста парламентмӕ Хъамболты Мараты кандидатурӕ премьер-министры бынатмӕ
РХИ президент бавдыста парламентмӕ Хъамболты Мараты кандидатурӕ премьер-министры бынатмӕ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 8 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан къуырисӕры бавдыста парламентмӕ Хъамболты Мараты кандидатурӕ хицауады сӕрдары бынатмӕ, хъусын... 08.06.2026 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2026-06-08T14:05+0300
2026-06-08T14:05+0300
2026-06-08T14:30+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
гаглойты алан
хуссар иры парламент
хуссар иры хицауад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07ea/05/15/39067502_0:0:3071:1728_1920x0_80_0_0_4b7fc7d1d366245005b2a196b9239efe.jpg
ЦХИНВАЛ, 8 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан къуырисӕры бавдыста парламентмӕ Хъамболты Мараты кандидатурӕ хицауады сӕрдары бынатмӕ, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.Депутаттӕн ис иу къуырийы ӕмгъуыд, цӕмӕй ӕркӕсой Хъамболты Мараты кандидатурӕмӕ.Къуырисӕры республикӕйы премьер-министр Тадтаты Дзамболат бадӕтта куырдиат отставкӕйы фӕдыл, президент ӕй райста ӕмӕ сӕвӕрдта министры кабинеты сӕргълӕууӕджы хӕстӕ хицауады сӕрдары фыццаг хӕдивӕг Джиоты Константиныл.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2026
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07ea/05/15/39067502_182:0:2913:2048_1920x0_80_0_0_9aab610bdb7c0ca1a1738919bc98cb89.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан, хуссар иры парламент, хуссар иры хицауад
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан, хуссар иры парламент, хуссар иры хицауад
РХИ президент бавдыста парламентмӕ Хъамболты Мараты кандидатурӕ премьер-министры бынатмӕ
14:05 08.06.2026 (Ранӕуӕггонд: 14:30 08.06.2026) ЦХИНВАЛ, 8 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан къуырисӕры бавдыста парламентмӕ Хъамболты Мараты кандидатурӕ хицауады сӕрдары бынатмӕ, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.
"Республикӕйы Конституцийы 50-ӕм статьяйы фӕндзӕм пунктмӕ гӕсгӕ ӕрвитын парламенты ӕркастмӕ Хъамболты Марат Аркадийы фырты кандидатурӕ Хуссар Ирыстоны хицауады сӕрдары бынатмӕ", - дзырдӕуы президенты фыстӕджы закондӕттӕг органы спикер Мӕргъиты Аланмӕ.
Депутаттӕн ис иу къуырийы ӕмгъуыд, цӕмӕй ӕркӕсой Хъамболты Мараты кандидатурӕмӕ.
Къуырисӕры республикӕйы премьер-министр Тадтаты Дзамболат бадӕтта куырдиат отставкӕйы фӕдыл, президент ӕй райста ӕмӕ сӕвӕрдта министры кабинеты сӕргълӕууӕджы хӕстӕ хицауады сӕрдары фыццаг хӕдивӕг Джиоты Константиныл.