https://sputnik-ossetia.com/20260616/rkhi-parlament-khorzyl-banymadta-khambolty-maraty-kandidatur-khitsauady-srdary-bynatm-39552914.html
РХИ парламент хорзыл банымадта Хъамболты Мараты кандидатурæ хицауады сæрдары бынатмæ
РХИ парламент хорзыл банымадта Хъамболты Мараты кандидатурæ хицауады сæрдары бынатмæ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 16 июн - Sputnik. Парламенты депутаттæ хорзыл банымадтой Хъамболты Мараты кандидатурæ Хуссар Ирыстоны хицауады сæрдары бынатмæ. 16.06.2026 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2026-06-16T12:54+0300
2026-06-16T12:54+0300
2026-06-16T12:54+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
хуссар иры парламент
хуссар иры хицауад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07ea/06/10/39551711_0:0:1280:720_1920x0_80_0_0_26f480ddd9d786442eafa1aa5c5d0337.jpg
ЦХИНВАЛ, 16 июн - Sputnik. Парламенты депутаттæ хорзыл банымадтой Хъамболты Мараты кандидатурæ Хуссар Ирыстоны хицауады сæрдары бынатмæ.Хъамболты Марат йæ раныхасы рæстæджы банысан кодта хицауады куысты сæйраг принцип: цыфæнды паддзахадон скъуыддзаджы центры хъуамæ уа адæймаг.Йæ ныхæстæм гæсгæ, демографион уавæр абоны бон у Хуссар Ирыстоны сæйраг фæсидт.Уымæй дарддæр Хъамболты Марат фехъусын кодта, хицауад йæ куысты стыр хъусдард кæй здахдзæн ахуырады фарстытæм, уымæн æмæ кæстæр фæлтæр сты бæстæйы сомбон.Хъамболты Марат бахахх кодта, зæгъгæ, хъæуы саразын республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады райрæзты стратеги æмæ æрбахонын ирон специалистты, кæдон кусынц Уæрæсейы медицинон центрты.Экономикæйыл дзургæйæ Хъамболты Марат банысан кодта, ахсджиаг кæй у размæ кæнын аграрон сектор, туризм, чысыл æмæ астæуккаг бизнес, афтæ ма цифрон экономикæ æмæ IT-къабаз.Хъамболты Марат ма уæлдай акцент сæвæрдта æхсæнады иудзинад сфидар кæныны ахсджиагдзинадыл."Ирыстон райрæзт бахъыгдардзæн æхсæнады иудзинад куы нæ уа, уый", - бафтыдта Хъамболты Марат.
https://sputnik-ossetia.com/20260616/khussar-iry-parlament-bakhasta-ivyndzindt-dyuu-vzarn-zakonm-39550176.html
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2026
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07ea/06/10/39551711_160:0:1120:720_1920x0_80_0_0_5044a47bd44d891f1f12e914d2f17c68.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар иры парламент, хуссар иры хицауад
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар иры парламент, хуссар иры хицауад
ЦХИНВАЛ, 16 июн - Sputnik. Парламенты депутаттæ хорзыл банымадтой Хъамболты Мараты кандидатурæ Хуссар Ирыстоны хицауады сæрдары бынатмæ.
Хъамболты Марат йæ раныхасы рæстæджы банысан кодта хицауады куысты сæйраг принцип: цыфæнды паддзахадон скъуыддзаджы центры хъуамæ уа адæймаг.
"Ис иуыл растдæр бæрæггæнæн. Уый у республикæйы йæ фидæн чи уыны, уыцы адæмы нымæц. Хуссар Ирыстоны фæстаг æртын азмæ зынгæ фæкъаддæр цæрджыты нымæц, æмæ мах хъуамæ алцыдæр саразæм уавæр раивынæн", - загъта Хъамболты Марат.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, демографион уавæр абоны бон у Хуссар Ирыстоны сæйраг фæсидт.
Уымæй дарддæр Хъамболты Марат фехъусын кодта, хицауад йæ куысты стыр хъусдард кæй здахдзæн ахуырады фарстытæм, уымæн æмæ кæстæр фæлтæр сты бæстæйы сомбон.
Хъамболты Марат бахахх кодта, зæгъгæ, хъæуы саразын республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады райрæзты стратеги æмæ æрбахонын ирон специалистты, кæдон кусынц Уæрæсейы медицинон центрты.
Экономикæйыл дзургæйæ Хъамболты Марат банысан кодта, ахсджиаг кæй у размæ кæнын аграрон сектор, туризм, чысыл æмæ астæуккаг бизнес, афтæ ма цифрон экономикæ æмæ IT-къабаз.
Хъамболты Марат ма уæлдай акцент сæвæрдта æхсæнады иудзинад сфидар кæныны ахсджиагдзинадыл.
"Ирыстон райрæзт бахъыгдардзæн æхсæнады иудзинад куы нæ уа, уый", - бафтыдта Хъамболты Марат.