https://sputnik-ossetia.com/20260625/khambolty-marat-skodta-khatdzgt-nog-bynaty-y-kuysty-fytstsag-bonn--39738159.html
Хъамболты Марат скодта хатдзæгтæ ног бынаты йæ куысты фыццаг бонæн
Хъамболты Марат скодта хатдзæгтæ ног бынаты йæ куысты фыццаг бонæн
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 25 июн – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президенты хæстæ æххæстгæнæг Хъамболты Марат йæ телеграм-каналы радзырдта, йæ куысты фыццаг бон куыд ацыд, уый... 25.06.2026 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2026-06-25T10:07+0300
2026-06-25T10:07+0300
2026-06-25T12:07+0300
хуссар ирыстоны
президент
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07ea/06/17/39705302_106:0:773:375_1920x0_80_0_0_a03dd28ec2d716c6d2603c3928afac3d.jpg
ЦХИНВАЛ, 25 июн – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президенты хæстæ æххæстгæнæг Хъамболты Марат йæ телеграм-каналы радзырдта, йæ куысты фыццаг бон куыд ацыд, уый тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ йæм бирæтæ æрбахастысты таможнæйы проблемæйы фæдыл. Афтæмæй æнæ бафæдзæхсгæйæ бабæрæг кодта "Дæллаг Зæрæмæджы" уадзæн пункт æмæ федта, хуымæтæг бонты куыд кусы, уый. Таможнæйы разамонæджы бынаты нæ баййæфта. Арæзтадон фæзуаты дæр кусджытæ нæ разынд. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы уавæрæй скодта хатдзæгтæ.Уымæй уæлдай Хъамболты Марат фехъусын кодта, кæй фембæлд раздæры президенттимæ – Бибылты Анатоли æмæ Гаглойты Аланимæ. Ныхас цыдис, цы хъуыддæгтæ адарддæр кæнын хъæуы, уыдоныл. Хицæн фембæлд ын уыд уæрæсейаг делегациимæ, æруынаффæ кодтой социалон-экономикон проекттыл. Президенты хæстæ æххæстгæнæг фæуазæг хъæууон хæдзарадон куыстуат "Южный сад"-мæ дæр.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2026
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07ea/06/17/39705302_75:0:786:533_1920x0_80_0_0_45f54d4610378e83d6d44b585be13fdc.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, президент, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, президент, ног хабӕрттӕ
Хъамболты Марат скодта хатдзæгтæ ног бынаты йæ куысты фыццаг бонæн
10:07 25.06.2026 (Ранӕуӕггонд: 12:07 25.06.2026) ЦХИНВАЛ, 25 июн – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президенты хæстæ æххæстгæнæг Хъамболты Марат йæ телеграм-каналы радзырдта, йæ куысты фыццаг бон куыд ацыд, уый тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ йæм бирæтæ æрбахастысты таможнæйы проблемæйы фæдыл. Афтæмæй æнæ бафæдзæхсгæйæ бабæрæг кодта "Дæллаг Зæрæмæджы" уадзæн пункт æмæ федта, хуымæтæг бонты куыд кусы, уый. Таможнæйы разамонæджы бынаты нæ баййæфта. Арæзтадон фæзуаты дæр кусджытæ нæ разынд. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы уавæрæй скодта хатдзæгтæ.
Уымæй уæлдай Хъамболты Марат фехъусын кодта, кæй фембæлд раздæры президенттимæ – Бибылты Анатоли æмæ Гаглойты Аланимæ. Ныхас цыдис, цы хъуыддæгтæ адарддæр кæнын хъæуы, уыдоныл. Хицæн фембæлд ын уыд уæрæсейаг делегациимæ, æруынаффæ кодтой социалон-экономикон проекттыл. Президенты хæстæ æххæстгæнæг фæуазæг хъæууон хæдзарадон куыстуат "Южный сад"-мæ дæр.