https://sputnik-ossetia.com/20260723/khussar-ir-m-urse-badzyrdtoy-energetikon-infrastruktur-ranug-knynyl-40211162.html
Хуссар Ир æмæ Уæрæсе бадзырдтой энергетикон инфраструктурæ ранæуæг кæныныл
Хуссар Ир æмæ Уæрæсе бадзырдтой энергетикон инфраструктурæ ранæуæг кæныныл
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 23 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсе бадзырдтой энергетикон инфраструктурæ ранæуæг кæныныл, фехъусын кодта республикæйы президенты хæстæ... 23.07.2026 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2026-07-23T15:44+0300
2026-07-23T15:44+0300
2026-07-23T16:19+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
президент
хуссар иры парламент
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/497/58/4975814_0:34:3067:1759_1920x0_80_0_0_390201a73df9c9043dc3992f3038d866.jpg
ЦХИНВАЛ, 23 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсе бадзырдтой энергетикон инфраструктурæ ранæуæг кæныныл, фехъусын кодта республикæйы президенты хæстæ æххæстгæнæг Хъамболты Марат парламенты депутаттимæ фембæлды рæстæджы, цы ран хатдзæгтæ скодтой Мæскуымæ кусæгон балцæн.Хуссар Ирыстоны сæудæджерад, транспорт æмæ энергетикæйы министр Къæбысты Ацæмæз фехъусын кодта, Уæрæсейы энергетикæйы министрадимæ баныхасы фæстиуæгæн кæй бадзырдтой ауадзын республикæйы энергетикон системæйы комплексон иртаст. Уый руаджы рабæрæг уыдзысты иуыл проблемон фадгуытæ æмæ фадат уыдзæн саразын къабазы дарддæры модернизацийы программæ.Уымæй дарддæр фарсытæ бадзырдтой электроифтонгады резервон хаххы арæзтадыл.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2026
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/497/58/4975814_333:0:3064:2048_1920x0_80_0_0_c4a9d90882b51a8f88d8366e7c1ee840.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, президент, хуссар иры парламент
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, президент, хуссар иры парламент
Хуссар Ир æмæ Уæрæсе бадзырдтой энергетикон инфраструктурæ ранæуæг кæныныл
15:44 23.07.2026 (Ранӕуӕггонд: 16:19 23.07.2026) ЦХИНВАЛ, 23 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсе бадзырдтой энергетикон инфраструктурæ ранæуæг кæныныл, фехъусын кодта республикæйы президенты хæстæ æххæстгæнæг Хъамболты Марат парламенты депутаттимæ фембæлды рæстæджы, цы ран хатдзæгтæ скодтой Мæскуымæ кусæгон балцæн.
"Энергетикæ у иуыл уæззаудæр здæхтытæй иу. Бирæ азты дæргъы проблемæтыл дзырдтой, фæлæ сæ масштаб разынд егъаудæр. Цæмæй къабаз дарддæр размæ цæуа, уый тыххæй хъæуы басæттын ацы проблемæтыл æмæ сæ стæй райдайын скъуыддзаг кæнын", - загъта президенты хæстæ æххæстгæнæг.
Хуссар Ирыстоны сæудæджерад, транспорт æмæ энергетикæйы министр Къæбысты Ацæмæз фехъусын кодта, Уæрæсейы энергетикæйы министрадимæ баныхасы фæстиуæгæн кæй бадзырдтой ауадзын республикæйы энергетикон системæйы комплексон иртаст. Уый руаджы рабæрæг уыдзысты иуыл проблемон фадгуытæ æмæ фадат уыдзæн саразын къабазы дарддæры модернизацийы программæ.
Уымæй дарддæр фарсытæ бадзырдтой электроифтонгады резервон хаххы арæзтадыл.