https://sputnik-ossetia.com/20261022/gdzhity-emiliya-dykkag-khatt-sludzn-khussar-irystony-tsentron-vzarn-kamisy-srgy-41747328.html
Гæджиты Эмилия дыккаг хатт слæудзæн Хуссар Ирыстоны Центрон Æвзарæн Къамисы сæргъы
Гæджиты Эмилия дыккаг хатт слæудзæн Хуссар Ирыстоны Центрон Æвзарæн Къамисы сæргъы
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 22 окт – Sputnik. Республикæйы парламент Центрон Æвзарæн Къамисы сæрдарæй дыккаг æмгъуыдмæ сфидар кодта Гæджиты Эмилияйы. Йæ кандидатурæ йын... 22.10.2026 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2026-10-22T13:02+0300
2026-10-22T13:02+0300
2026-10-22T16:20+0300
хуссар ирыстоны
хуссар иры парламент
ног хабӕрттӕ
президент
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07ea/0a/16/41737549_0:1:1280:721_1920x0_80_0_0_1c1446908a7963b5efc6e82888ed28c5.jpg
ЦХИНВАЛ, 22 окт – Sputnik. Республикæйы парламент Центрон Æвзарæн Къамисы сæрдарæй дыккаг æмгъуыдмæ сфидар кодта Гæджиты Эмилияйы. Йæ кандидатурæ йын депутаттæм бавдыста республикæйы президент Хъамболты Марат.Центрон Æвзарæн Къамисы уæнгтæн сæ куысты бартæ кæронмæ бахæццæ сты ацы азы августы, президенты æвзарæн кампанийы рæстæджы. Фæлæ парламенты уынаффæмæ гæсгæ уыцы æмгъуыд фæдæргъвæтин кодтой.Депутаттæ Гæджиты Эмилияйы кандидатурæйыл сразы сты æмхъæлæсæй. Уыимæ иумæ бафиппайдтой, æвзарæн закъонты кæй ис бакусинаг фарстытæ. Рахицæн кодтой, Хуссар Ирыстоны чи нæ цæры, уыдонæн хъæлæс дæттыны фадæттæ фæхуыздæр кæныныны фарст.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2026
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07ea/0a/16/41737549_0:0:962:721_1920x0_80_0_0_9e8b01fcfb18bb255cfedf092e5a6526.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, хуссар иры парламент, ног хабӕрттӕ, президент
хуссар ирыстоны, хуссар иры парламент, ног хабӕрттӕ, президент
Гæджиты Эмилия дыккаг хатт слæудзæн Хуссар Ирыстоны Центрон Æвзарæн Къамисы сæргъы
13:02 22.10.2026 (Ранӕуӕггонд: 16:20 22.10.2026) ЦХИНВАЛ, 22 окт – Sputnik. Республикæйы парламент Центрон Æвзарæн Къамисы сæрдарæй дыккаг æмгъуыдмæ сфидар кодта Гæджиты Эмилияйы. Йæ кандидатурæ йын депутаттæм бавдыста республикæйы президент Хъамболты Марат.
Центрон Æвзарæн Къамисы уæнгтæн сæ куысты бартæ кæронмæ бахæццæ сты ацы азы августы, президенты æвзарæн кампанийы рæстæджы. Фæлæ парламенты уынаффæмæ гæсгæ уыцы æмгъуыд фæдæргъвæтин кодтой.
Депутаттæ Гæджиты Эмилияйы кандидатурæйыл сразы сты æмхъæлæсæй. Уыимæ иумæ бафиппайдтой, æвзарæн закъонты кæй ис бакусинаг фарстытæ. Рахицæн кодтой, Хуссар Ирыстоны чи нæ цæры, уыдонæн хъæлæс дæттыны фадæттæ фæхуыздæр кæныныны фарст.