Дзæуджыхъæуы шофыр ныццавта фистæгæй цæуæджы: бакодтой уголовон хъуыддаг

© Sputnik / Нина Зотина /  Ахизын медиабанкмæДзæуджыхъæуы шофыр ныццавта фистæгæй цæуæджы: бакотой уголовон хъуыддаг
Дзæуджыхъæуы шофыр ныццавта фистæгæй цæуæджы: бакотой уголовон хъуыддаг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Шофыр, кæцы цыд мæкуыйаг уынгыл Къостайы проспекты рдæм, нæ ауагъта фистæгæй цæуæджы

ЦХИНВАЛ, 23 янв - Sputnik. Цæгат Ирыстоны слесгæнæн управлени бакодта уголовон хъуыддаг шофыры ныхмæ, кæцы нæ рауагъта фистæгæй цæуæджы, цæй фæстиуæгæн амард Дзæуджыхъæуы цæрæг сылгоймаг.

Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы фæфæлдæхт милицийы "таблетка": авари бахауд видеомæ

Инцидент ʻрцыд Цæгат Ирыстоны къуырисæры изæры. Дзæуджыхъæуы 27-аздзыд цæрæг, кæцы скъæрдта хæдтулгæ  "Toyota Alphard",  нæ фæсабыр кодта йæ цыд фистæгæй цæуджыты бынаты. Уый хыгъд  ныццавта 65-аздзыд сылгоймаджы, кæцы амард рынчындоны.

Ацы фыдракæнды тыххæй нæлгоймаг азымджын цæуы УФ УК ст. 264-ы 3-æм хаймæ гæсгæ, хъусын кæны Цæгат Иры МХМ.

Уголовон хъуыддаг сгæрст цæуы. Ӕввахс рæстæджы зæрдæхсайгæ адæймагæн бамбарын кæндзысты цы хъуыддаджы цæуы азымджын.

Ног хабӕртты лентӕ
0