ЦХИНВАЛ, 15 мар — Sputnik. Гуырдзыстоны ахæстæтты нал баззад Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй, фæстæгтæ ссæрибар æрцыдысты ивгъуыд къуыри, фехъусын кодта Sputnik президенты паддзахадон уынаффæгæнæг Санахъоты Дауыт.
Гуырдзыстоны тæрхондон цæрæнбонтæм ахæстоны фæбадын цы цыппар хуссарирыстойнаг æмбæстæгтæн аскъуыддзаг кодта, уыдон сæрибар æрцыдысты 10 марты. Лӕппуты баивтой гуырдзыстоны æмбæстæгтыл, кæцытæ се ‘фхæрды æмгъуыд æрвыстой цхинвайлаг колонийы.
"Нæ информацимæ гæсгæ, не ‘мбæстæгтæй Гуырдзыстоны ахæстæтты ничиуал ис", — загъта Санахъоты Дауыт.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, ныр хицауад архайы, æбæрæгæй цы æмбæстæгтæ фесæфт, уыдон хъысмæт рабæрæг кæнынмæ.
Æрæджы, Цхинвалмæ йæ визиты рæстæджы, ОБСЕ-йы хæдбар эксперт, кæцы кусы æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты хъуыддагыл, радта хуссарирыстойнаг фарсæн йæ рекомендацитæ.