Зынгфӕдисонтӕ аиуварс кодтой арт Цхинвалы ТЭК ӕмӕ "Шанхай"-ы районты

© Пресс-служба МЧС РЮО Зынгфӕдисонтӕ ауиварс кодтой арт Цхинвалы
Зынгфӕдисонтӕ ауиварс кодтой арт Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зынгирвӕзт ӕрцыд цыппӕрӕмы бонӕй Паддзахадон автоинспекцийы посты цур, кӕцы ис Цхинвалы сӕрмӕ ӕмӕ горӕты микрорайон "Шанхай"-ы

ЦХИНВАЛ, 6 сен — Sputnik, Козаты Диана. Ӕртӕ зынгфӕдисон хӕдтулгӕйы бахъуыд, цӕмӕй аиуварс кӕной хус кӕрдӕджы зынгирвӕзт Цхинвалы ТЭК-ы районы, загътой Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕйы.

Последствия пожара в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Зынгфӕдисонтӕ ахуыссын кодтой арт бирӕфатерон хӕдзары Цхинвалы

Зынгирвӕзт ӕрцыд цыппӕрӕмы бонӕй Паддзахадон автоинспекцийы посты цур, кӕцы ис Цхинвалы сӕрмӕ.

"Арт ӕввахс бацыд ЗАО "Остелеком"-ы базӕйон станцмӕ. Фӕлӕ зынгфӕдисонтӕ рӕстӕгыл ӕрбацыдысты, арт ницы зиан ӕрхаста базӕйон станцӕн", — радзырдтой уагдоны.

УУМ банысан кодтой, зӕгъгӕ, зынгирвӕзты фӕзуат уыд 500 квадратон метрӕй фылдӕр.

Ноджы ма иу зынгфӕдисон хӕдтулгӕ ацыд микрорайон "Шанхай"-мӕ зынгирвӕзты бынатмӕ, цы ран ссыгъд кӕрдӕг сабидоны цур. Зынгфӕдисонтӕ уайтагъд сӕххӕст кодтой сӕ хӕслӕвӕрд.

Ног хабӕртты лентӕ
0