Сырх Дзуары мисси Хуссар Иры нысан кӕны йӕ дунейон бӕрӕгбон

© МКККСырх Дзуары мисси Хуссар Иры
Сырх Дзуары мисси Хуссар Иры  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Комитеты хæстæ республикӕйы дзæвгар сты æмæ сыл кусы æппынæдзух. Сырх Дзуары программæйы фæлгæтты уæззау уавæрты цæрæг æмбæстæгтæ кæддæриддæр æййафынц социалон æххуыс

ЦХИНВАЛ, 8 май – Sputnik, Дриаты Лейла. Сырх Дзуары Дунеон Комитет йæ хæрзиуæгон архайд Хуссар Ирыстоны райдыдта 2008-æм азы ирон-гуырдзиг хӕсты фæстæ куыд горæты, афтæ хъæууон бынæтты дæр æмæ уӕдӕй нырмӕ кæны комплексон æххуыс иууыл æвæрæздæр æмæ тыхстдæр æмбæстæгтæн.

Сырх Дзуары комитет - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сырх Дзуары сӕрдар: цӕттӕ стӕм баххуыс кӕнын Хуссар Ирӕн COVID-19-ы ныхмӕ тохы

Комитеты хæстæ республикӕйы дзæвгар сты æмæ сыл кусы æппынæдзух. 1989-1992 æмæ 2008-æм хæстон азты рæстæджы чи фесæфт, уыдон хъысмæт рабæрæг кæнын у йæ сæйрагдæр хæс æмæ нысан æмæ йын æнтысгæ дæр дзæвгар æрмæг æртымбыл кæнын бантыст.

Конфликты рæстæджы бирæ бинонты уæнгтæ фæхицæн сты, нал сын вæййы кæрæдзимæ бастдзинад æмæ уыцы хъуыддаг сæндидзын кæныныл дæр кусы Комитет. Алырдæм дæр арæхсы - дохтыры агъоммæ хъæугæ æххуыс бакæнын, æнæнхъæлæджы уавæры домæнтæм гæсгæ архайын æмæ адæммæ фæкæсынмæ.

Æмбæстæгтæй нырма ис, æвæрæз цард чи кæны, стæй бирæсывæллонджын бинонтæ, фæкæсинаг ацæргæ ныййарджытæ æмæ Сырх Дзуары программæйы фæлгæтты уыдон кæддæриддæр æййафынц социалон æххуыс хæлцадон æмæ æнæхæлцадон товартæй. Комитеты кусджытæ дарддæр дæр цæуынц ацæргæ иунæг адæймæгты хæдзæрттæм æмæ се ‘ххуысы хай бакæнынц санитарон æгъдауæй.

Сырх Дзуары Ӕхсӕнадӕмон Комитет - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дезинфекци ӕмӕ маскӕтӕ: куыд бандӕвта коронавирус Сырх Дзуары куыстыл Хуссар Иры

Уымæй уæлдай ма Комитет се ‘нцой балæууы, медицинон æххуысмæ сæм чи фæсиды, уыцы æмбæстæгтæн дæр. Иудзырдæй, Сырх Дзуары Дунеон Комитетæн йæ разы бирæ хæстæ ис æмæ сыл кусгæ дæр кæны æвæллайгæйæ.

Дунеон Сырх Дзуар у æхсæнадæмон организаци æмæ иу кæны Сырх Дзуары æхсæнады Лигæйы, сырæзт 1919 азы, йе сконды сты Сырх Дзуар æмæ Сырх Æрдæгмæйы националон æхсæнадтæ. Сырх Дзуары Комитетæн ис хъæздыг истори æмæ у Уæрæсейы рагондæр æхсæнадон организаци. Ацы Комитет уæвынад кæны алы регионы дæр. 1925 азы уымæн йæ ном раивд æрцыд Сырх Дзуар æмæ Сырх Æрдæгмæйы æхсæнады Цæдисæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0