Хуссар Иры не сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй ног рынчынты

© Sputnik / Денис Абрамов /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Югосетпотребнадзоры лабораторийы иу суткӕмӕ ауагътой ӕрдӕг сӕдӕмӕ ӕввахс тесты, уыдонӕй иу дӕр нӕ равдыста вирусы уӕвынад

ЦХИНВАЛ, 4 июн - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы не сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй ног рынчынты. Дыццӕджы цы тесттӕ ауагътой, уыдонӕй иу дӕр нӕ равдыста вирусы уӕвынад, загъта Sputnik Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.

Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ӕнхъӕлмӕ кӕсынц УФ МХМ ахуыргӕнӕндӕтты курсантты радон къордмӕ

Республикон бирӕпрофилон медицинон центры хоскӕнынад цӕуынц 13 рынчыны, ноджы иу – ӕфсӕддон - хоскӕнынад цӕуы йӕ хайады.

"Ивгъуыд суткӕйы не сбӕрӕг кодтам ног фӕрынчынуӕвджыты. 48 тесттӕй иу дӕр нӕ равдыста вирусы уӕвынад", - загъта Гаглойты Анна.

Иумӕйагӕй ауагътой 1502 тесты.

Медицинон хъусдарды бын сты 150 адӕймаджы, сӕ фылдӕр хай сты карантины медицинон уагдӕтты, 24 адӕймаджы сты уазӕгдон "Алан"-ы.

Ӕввахс бонты республикӕмӕ ӕрыздӕхдзӕн МХМ курсантты радон къорд, кӕцыты бакӕндзысты дыууӕкъуырион карантины.

Афтӕ ма, Хуссар Ирыстонмӕ фӕнды ӕрыздӕхын ӕртӕ сӕдӕмӕ ӕввахс адӕймаджы, кӕцытӕ баззадысты фӕсарӕнты Уӕрӕсеимӕ арӕны сӕхгӕды фӕстӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0