Кӕфтытӕ, музыкӕ ӕмӕ фӕсивӕд: Цхинвалы ацӕудзӕн "Ирон хъазт"

© Sputnik / Natalia Airiyan "Ирон хъазт"
Ирон хъазт  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны инициативон фӕсивӕд организаци кӕны радон изӕр ирон кӕфтытӕ, зарджытӕ ӕмӕ националон инструменттыл цӕгъдынимӕ

ЦХИНВАЛ, 17 авг - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы Къостайы скверы 17 августы, 19.00 сахатыл, ацӕудзӕн культурон мадзал ирон зарджытӕ ӕмӕ кӕфтытимӕ. Уый тыххӕй Sputnik радзырдтой фӕсивӕдон "Ирон хъазт"-ы инициатортӕ.

"Цы бон фӕнд кодтам ауадзын ацы изӕр, уыцы бон базыдтам, адӕмон нывгӕнӕг Кӕсойты Лаврентий йӕ цардӕй кӕй ахицӕн. Мах аскъуыддзаг кодтам аргъӕвын изӕр фыдохы мадзӕлтты кӕронмӕ, "Ирон хъазт" ауадзын уыцы рӕстӕджы раст нӕ уыд. Уый фӕдыл ӕй сорганизаци кӕндзыстӕм абон, 17 августы", - загъта ХИПУ студентон советы сӕрдар Кокойты Анна.

Фӕстаг рӕстӕджы "Ирон хъазт" ссис тынг популярон фӕсивӕды хсӕн. Фыццаг культурон изӕр, кӕцыйы организатортӕ уыдысты ХИПУ студентон советы сӕрдар Кокойты Анна ӕмӕ зарӕггӕнӕг Хъодалаты Мария, ацыд 27 июлы ӕмӕ ӕрӕмбырд кодта Цхинвалы фӕсивӕды.

Сӕрды дӕргъы ахӕм изӕртӕ ӕрвылкъуыри организаци кодта Цхинвалы администрацийы культурӕйы хайад дӕр Ногдзауты парчы.

Ног хабӕртты лентӕ
0