Хуссар Иры президенты ӕмкъай ӕххуыс кӕны дохтыртӕн "сырх зонӕйы"

© Sputnik / Наталья АйриянКуымӕридтаты Линда
Куымӕридтаты Линда  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы медуагдӕтты, цы ран хос кӕнынц ковид-рынчынтӕн, нӕ фаг кӕны персонал, уымӕ гӕсгӕ Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕныны министрад бахатыд волонтертӕм ӕххуысмӕ

ЦХИНВАЛ, 6 ноя - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны президенты бинойнаг Куымӕридтаты Линда аскъуыддзаг кодта бацӕуын волонтерӕй "сырх зонӕмӕ", цӕмӕй баххуыс кӕна медиктӕн, фехъусын кодта республикон рынчындоны сӕйраг дохтыр Быценты Индира.

Хуссар Иры фылдӕр кӕны коронавирусы ныхмӕ архайды волонтерты нымӕц - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры фылдӕр кӕны волонтерты нымӕц коронавирусы ныхмӕ тохы

Коронавирусӕй рынчынты рӕзт тынг ӕппӕрццагӕй бандӕвта ӕнӕниздзинад хъахъхъӕныны системӕйыл. Медикаменттӕ ӕмӕ рынчындӕтты бынӕтты цухдзинадӕй дарддӕр ма фӕзынд ноджы иу серьезон проблемӕ  - дохтырты ӕмӕ ӕндӕр медперсоналы цухдзинад. Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕныны министрад бахатыд волонтертӕм ӕххуысмӕ

"Президенты бинойнаг Куымӕридтаты Линда ӕрбацыд ӕртыццӕджы ӕмӕ йӕ бафӕндыд ковид-зонӕмӕ, цӕмӕй баххуыс кӕна медиктӕн. Уый бацыд сывӕллӕтты рынчындоны "сырх зонӕмӕ" ӕмӕ куыста иннӕ волонтерты ӕмрӕнхъ. Йӕ бон цы уыд, уый алцыдӕр арӕзта", - загъта Быценты Индира.

Медперсонал тынг хъармӕй райстой фыццаг ледийы, кӕцы йӕхи нӕ асӕрибар кодта куыстӕй республикӕйӕн зын рӕстӕджыты.

Хуссар Ирыстоны коронавирусӕй рынчынты нымӕц фылдӕр кӕнын райдыдта 15 сентябры Уӕрӕсеимӕ арӕны баконды фӕстӕ. Уый размӕ республикӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕ иууылдӕр хъуамӕ рацыдаиккой ӕнӕмӕнг дыууӕкъуырион карантин. Ацы мадзалы руаджы Хуссар Ирыстоны фондз мӕймӕ сбӕрӕг кодтой ӕрмӕстдӕр 90 рынчыны коронавирусӕй. Карантины фӕстӕ республикӕйы сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 1119 рынчыны, 14 адӕймаджы амардысты.

Ног хабӕртты лентӕ
0