Путин сратификаци кодта бадзырд Хуссар Иримӕ ӕфсӕддонты сахъатдзинад банымайыны фӕдыл

© Sputnik / Konstantin Chalabov /  Ахизын медиабанкмæСахъат сылгоймаг
Сахъат сылгоймаг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.03.2021
Рафыссын
Бадзырд здӕхт у дыууӕ бӕстӕйы ӕмбӕстӕгты социалон хъахъхъӕнынады къабазы ӕмгуыстад райтынг кӕнынмӕ. Йӕ сратификайци кӕныны фӕдыл закон дыццӕджы бафыста уӕрӕсейаг лидер

ЦХИНВАЛ, 10 мар — Sputnik. Уӕрӕсейы президент Владимир Путин сратификаци кодта Хуссар Ирыстонимӕ бадзырд МХМ ӕмӕ Хъахъхъӕнынады министрады раздӕры кусджыты сахъатдзинады документты дыууӕварсон банымады фӕдыл.

Глава фонда защиты раненных РЮО Мадина Плиева - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.09.2017
Хуссар Ирыстоны хæсты инвалидтæ абалц сты Сухуммæ Уæлахизы бонмæ

Бадзырд здӕхт у дыууӕ бӕстӕйы ӕмбӕстӕгты, кӕцытӕ райстой сахъатдзинад цӕфты, контузи ӕмӕ ӕфсӕддон службӕ хӕссыны рӕстӕджы ӕндӕр ӕвирхъау хабӕртты фӕстиуӕгӕн, социалон хъахъхъӕнынады къабазы ӕмгуыстад райтынг кӕнынмӕ.

Документы, кӕцы мыхуыр ӕрцыд барадон информацийы официалон интернет-порталы, дзырд цӕуы, зӕгъгӕ, бадзырды реализацийыл кусдзысты Уӕрӕсейы Фӕллойады, Хъахъхъӕнынады ӕмӕ Мидхъуыддӕгты министрӕдтӕ, хуссарирыстойнаг фарсӕрдыгӕй та - Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады, Хъахъхъӕнынады ӕмӕ Мидхъуыддӕгты министрӕдтӕ.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0