Хуссар Иры санитарон уагдоны радзырдтой COVID-19-ы статистикӕйы тыххӕй

© Sputnik / Евгений Епанчинцев /  Ахизын медиабанкмæCOVID-19
COVID-19 - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.06.2021
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны пандемийы райдианӕй фӕстӕмӕ коронавирусӕй фӕрынчын сты 3372 адӕймаджы, ныртӕккӕ дохтырты хъусдарды бын сты 34 пациенты

ЦХИНВАЛ, 15 июн - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд майрӕмбоны коронавирусон инфекци рабӕрӕг ис фондз адӕймагӕн, фехъусын кодта Sputnik сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.

Уый бамбарын кодта, улæфт бонты "Югосетпотребнадзор"-ы ПЦР-лабораторийы кæй нæ сарæзтой тесттæ, къуырисæры  иртæстты тыххæй та фехъусын кæндзысты сом райсом.

Хуссар Иры Мидхъуыддӕгты министрады кусджытӕй фыццаг сарӕзта вакцинӕ коронавирусы ныхмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.06.2021
Хуссар Иры Мидхъуыддӕгты министрады кусджытӕй фыццаг сарӕзта вакцинӕ коронавирусы ныхмӕ

"Югосетпотребнадзор"-ы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, COVID-19 рабӕрӕг кӕныны фӕдыл майрӕмбоны сарӕзтой 50 тесты, уыдонӕй фондз адӕймагӕн схаудта вирусы уӕвынад", - загъта Коцты Марина.

Санитарон уагдоны ПЦР-лабораторийы пандемийы рӕстӕджы ӕдӕппӕт сарӕзтой 23246 тесты коронавирусон инфекци рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй 3 372 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг.

Уагдоны сӕргълӕууӕг ма бафтыдта, пандемийы рӕстӕджы сӕнӕнизуӕвджыты иумӕйаг нымӕц кӕй схызт 3338 онг. Дохтырты хъусдарды бын ма стационарон ӕмӕ амбулаторон хоскӕнынадыл сты 34 адӕймаджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0