Хуссар Иры рабӕрӕг кодтой 19 ног рынчыны коронавирусӕй - "Югосетпотребнадзор"

Дохтыртӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.07.2021
Рафыссын
Пандемийы райдианӕй фӕстӕмӕ республикӕйы коронавирусӕй фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц схызт 3493 онг. Ныртӕккӕ медикты хъусдарды бын сты 98 пациенты

ЦХИНВАЛ, 1 июл - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕ коронавирус сбӕрӕг кодтой 19 адӕймагӕн, фехъусын кодта Sputnik республикӕйы сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.

Вакцинаци - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.06.2021
Хуссар Иры Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады радзырдтой, куыд цӕуы вакцинаци

"Югосетпотребнадзор"-ы лабораторийы ивгъуыд суткӕ сарӕзтой 96 иртӕсты COVID-19-ы фӕдыл, уыдонӕй 19 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг", - радзырдта уагдоны сӕргълӕууӕг.

Фӕстаг суткӕйы медицинон хыгъдӕй систой цыппар пациенты, ӕдӕппӕт та тӕссаг инфекцийӕ сӕнӕниз сты 3 395 адӕймаджы. Ныртӕккӕ медикты хъусдарды бын стационар ӕмӕ амбулаторийы сты 98 пациенты.

Пандемийы райдианӕй фӕстӕмӕ Хуссар Ирыстоны коронавирусӕй фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц схызт 3 474 онг. Уагдоны ПЦР-лабораторийы инфекцион низы фӕзындӕй фӕстӕмӕ сарӕзтой 24 195 тесты коронавирус рабӕрӕг кӕныны фӕдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0