Хуссар Иры ӕвадат бинонты сывӕллӕттӕ райстой ӕххуыс ног ахуырадон азмӕ

© Sputnik / Залина КулумбеговаХуссар Иры ӕххуысхъуаг бинонты сывӕллӕттӕ райстой ӕххуыс ног ахуырадон азмӕ
Хуссар Иры ӕххуысхъуаг бинонты сывӕллӕттӕ райстой ӕххуыс ног ахуырадон азмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.09.2021
Рафыссын
Сывӕллӕтты омбудсмены ӕмархайдӕй амалиуӕггӕнӕг Цхинвалӕй ӕмӕ цӕгатирыстойнаг хӕрзаудӕн фонд баххуыс кодтой республикӕйы скъоладзаутӕн
ЦХИНВАЛ, 9 сен - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Амалиуӕггӕнӕг Хуссар Ирыстонӕй Цӕбиты Наталья баххуыс кодта аст скъоладзауӕн ӕххуысхъуаг бинонтӕй балхӕнын дарӕс ног ахуырадон азмӕ, фехъусын кодта Sputnik президент цур сывӕллӕтты барты фӕдыл ӕххӕстбарджын минӕвар Цхуырбаты Татьяна.
1 сентябрь - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.09.2021
Ахсджиаг бон: Хуссар Ирыстоны райдыдта ног ахуыры аз
Уый Цӕбиты Натальяйӕн фыццаг хӕрзаудӕн акци нӕу, фӕстаг ӕзты дӕргъы уый баххуыс кодта бирӕ скъоладзаутӕн бацӕттӕ кӕнын ног ахуырадон азмӕ.
"Ахуырадон азы райдайӕны размӕ уый ракуырдта махӕй ӕххуысхъуаг сывӕллӕтты номхыгъд, аст скъоладзауӕн уый балхӕдта ӕнӕмӕнгхъӕуӕг ӕрмӕджытӕ Зонындзинӕдты бонмӕ", - банысан кодта Цхуырбаты Татьяна.
Омбудсмен бафтыдта, зӕгъгӕ, фӕстаг рӕстӕджы бирӕ амалиуӕггӕнджыты фӕнды баххуыс кӕнын ӕххуысхъуаг сывӕллӕттӕн.
"Мӕнӕн уый ӕвдисы, адӕм кӕй ссисты хӕларзӕрдӕдӕр", - бафтыдта уый.
Сывӕллӕтты омбудсмен ма радзырдта ӕндӕр хӕрзаудӕн акцийы тыххӕй, кӕцы уадзы цӕгатирыстойнаг хӕрзаудӕн фонд "Быть добру".
© Из личного архива Татьяны ЦховребовойХуссар Иры ӕххуысхъуаг бинонты сывӕллӕттӕ райстой ӕххуыс ног ахуырадон азмӕ
Дети из малоимущих семей Южной Осетии получили помощь к новому учебному году - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.10.2021
Хуссар Иры ӕххуысхъуаг бинонты сывӕллӕттӕ райстой ӕххуыс ног ахуырадон азмӕ
"Мах сарӕзтам ӕххуысхъуаг адӕмы номхыгъд ӕмӕ райдыдтам дӕттын канцтовартӕ ӕмӕ зымӕгон къахдарӕс кӕстӕр кълӕсты сывӕллӕттӕн. Ӕххуыс ныридӕгӕн райстой Ленингор, Знауыр ӕмӕ Дзауы районты, афтӕ ма столицӕйы дыууӕ скъоллайы сывӕллӕттӕ", - радзырдта Цхуырбаты Татьяна.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, цӕгатирыстойнаг фонд дарддӕр дӕр нывӕнды ӕххуыс кӕнын республикӕйӕн.
Ног хабӕртты лентӕ
0