Хуссар Иры уӕрӕх кӕнынц "сырх зонӕ" коронавирусӕй рынчынты нымӕцы фӕфылдӕры тыххӕй

© Sputnik / Максим Богодвид /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры уӕрӕх кӕнынц "сырх зонӕ" коронавирусӕй рынчынты нымӕцы фӕфылдӕры тыххӕй
Хуссар Иры уӕрӕх кӕнынц сырх зонӕ коронавирусӕй рынчынты нымӕцы фӕфылдӕры тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.10.2021
Рафыссын
Коронавирусӕй рынчынтӕ хос кӕнынц РБМЦ инфекцион рынчындоны, кӕцыйы "сырх зонӕйы" ис 90 пациенты бынат
ЦХИНВАЛ, 13 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад аскъуыддзаг кодта бакӕнын уӕлӕмхасӕн бынӕттӕ Республикон бирӕпрофилон медицинон центры (РБМЦ) инфекцион рынчындоны "сырх зонӕйы" коронавирусӕй рынчынты нымӕцы фӕфылдӕры тыххӕй. Уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Наниты Сослан.
Ленингоры районы Сырх зона - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.10.2021
Ленингоры районы фылдӕрӕй-фылдӕр кӕны коронавирусӕй рынчынты нымӕц
Министр банысан кодта, коронавирусӕй рынчынтӕн уӕлӕмхасӕн бынӕттӕ бакӕндзысты рынчындоны ӕртыккаг уӕладзыгыл. Наниты Сослан басгӕрста инфекцион рынчындоны "сырх зонӕ" ӕмӕ радта фӕдзӕхсттӕ дохтыртӕн.
Уагдоны банысан кодтой, республикӕйы ӕмбӕстӕгтӕн ӕнӕмӕнгхъӕугӕ ӕххуыс кӕй кӕнынц рӕстӕгыл.
"Рынчындоны пациенттӕн бынӕттӕ гӕнӕн ис фӕфылдӕр кӕнын 120 онг", - загътой Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады.
РБМЦ "сырх зонӕйы" ӕртыццӕджы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ хоскӕнынад цӕуынц 89 пациенты коронавирусимӕ, афтӕмӕй инфекцион рынчындоны ӕдӕппӕт ис 90 бынаты.
Ног хабӕртты лентӕ
0