ЦХИНВАЛ, 13 фев — Sputnik. Экономикон райрæзты министр Кокойты Геннадий фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны сæргълæууæгæн сæ министрады делегацийы кусæгон балцы тыххæй Луганскаг адæмон республикæмæ (ЛАР) 5-9 февралы, хъусын кæны президенты пресс-службæ.
Делегацийыл фембæлд ЛАР-ы сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг Николай Пасечник, визиты нысан уыд республикæты экономикон контактты размæцыд.
"Визиты нысан уыд Луганскаг адæмон республикæйы хицауады экономикон блокимæ контактты размæцыд, кæцытæ райдыдтой фарон сентябры ЛАР-ы дыккаг экономикон форумыл. Ӕндæр ныхæстæй, уый уыд ЛАР-имæ æмахастыты размæцыды радон этап", — загъта Кокойты Геннадий.
Кокойты Геннадий куыд банысан кодта, афтæмæй ЛАР-ы къухдариуæгадимæ фембæлдты рæстæджы уынаффæ цыд дыууæ республикæты æхсæн æмахастыты райрæзты варианттыл алы къабæзты. Делегаци ма фæуазæг ЛАР-ы цалдæр сæудæджерадон куыстуатмæ, кæцыты æхсæн уыд раззагон технологиты завод, цы ран уадзынц 3D принтертæ, афтæ ма Константин Сурины сæнуадзæн куыстуат, кæцы уадзы бæрзонд гъæдджын продукци.
"Константин Сурин радзырдта, цыфæнды уысм дæр цæттæ кæй у раргом кæнын технологиты сусæгдзинæдтæ, хыгъдмæ исгæйæ уый æмæ Хуссар Ирыстон кæй у регион, цы ран традицион æгъдауæй сæнуадзын у фыццаградон къабæзтæй иу. Мах ма уыдыстæм ЛАР-ы рагондæр куыстуæттæй иуы — арахъхъуадзæн завод "Луга-Нова"-йы. Визиты фæстиуджытæм гæсгæ, бантыст саразын бадзырд, завод "Луга-Нова" кæй у цæттæ иумæйаг архайдмæ, уый нымæцы иумæйаг куыстуат саразыны фæдыл", — загъта Кокойты Геннадий.
Уый ма банысан кодта, аннæ куыстуæттæ дæр кæй фехъусын кодтой сæ цæттæдзинады тыххæй æмгуыстады фæдыл.
Бибылты Анатолий сарæзта æвæрццаг аргълæвæрд ЛАР-имæ æмгуыстады динамикæйæн æмæ банысан кодта, ахæм кусæгон балцтæ кæй сты ахсджиаг дыууæ республикæйæн дæр.
"Хъæуы кусын нæ контактты, нæ республикæты цардархайды алы къабæзты размæцыдыл. Мах æнгом кусдзыстæм ЛАР-ы къухдариуæгадимæ дæр, æмæ амалиуæгадимæ дæр. Уый фæстæ та мах хъуамæ уынæм ацы балцы æмæ бантысгæ бадзырдты фæстиуджытæ", — загъта президент.