ЦХИНВАЛ, 14 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауад æртыццæджы хорзыл банымадта экстремистон архайды ныхмæ законмæ барастгæнинæгтæ, кæцытæ бахаста республикæйы юстицийы министр.
Юстицийы министр Лалыты Зæлинæ банысан кодта, барастгæнинæгтæ кæй бандавдзысты Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтыл, кæцытæ лæууыдысты, тæрхондон экстремистоныл цы организациты банымадтой, уыдон сæргъ – байст сын æрцæудзæн бар цыфæнды æхсæнадон организациты сæргъ лæууын, кæнæ рæнхъыты уæвын дæс азы æмгъуыдмæ.
"Законмæ ивындзинæдтæ хъæуы бахæссын экстремистон архайды ныхмæ механизмты фæхуыздæр кæнынæн", — загъта Лалыты Зæлинæ.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, нырма Хуссар Ирыстоны экстремистоныл нымад æрцыд æрмæстдæр иу организаци – Уæлдæр тæхондон фарон октябры ахæмыл банымадта "Иеговайы æвдисæнты".
"Юстицийы министрады динон сектæтæ не ′сты регистраци, фæлæ дзы иуы архайд тæрхондон банымадта экстремистоныл. Республикæйы территорийыл регистраци у æрмæстдæр иу организаци – Алайнаг епархи", — загъта юстицийы министр.
Динон сектæты фарстыл уынаффæтæ ацайдагъ сты. Хицауады уæнгтæ ранымадтой ахæм цаутæ, динон организациты адепттæ сæхицæн куы бакодтой зиан, сæ зондахасты фæдыл цæугæйæ.
"Уыдис ахæм цаутæ, динон сектæты адептты сывæллæттæн куы хъуыд туг раивын, фæлæ ныййарджытæ цæхгæр не ′сразы сты ахæм медицион æххуысыл, уымæй та бакодтой зиан", — загъта Лалыты Зæлинæ.
Ахуырады министр Гасситы Натали радзырдта, кæй иу уыд ахæм цаутæ æмæ динон сектæты минæвæрттæ нæ уагътой сæ сывæллæтты скъолайон мадзæлтты хайад райсын.
"Мах фæлварæм сывæллæттимæ æмбарынгæнæн куыст уадзын, фæлæ зын у динон сектæты уæвæг ныййарджытæн исты бамбарын кæнын", — загъта Гасситы Натали.
Ӕнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Тотчиты Георгий бахаста фæндон, цæмæй хицауад сараза кусæгон къорд æмæ бакуса къорд мадзæлттыл, цæмæй æрыгон адæм ма цæуой динон сектæтæм.
"Нæ паддзахады къухты ис алы фадæттæ дæр, цæмæй æрæхгæной не 'мбæстæгты ацыд динон сектæтæм", — загъта Ӕнæниздзинад хъахъхъæнынады министр.
Экстремистон архайды ныхмæ ранæуæггонд закон æрвыст æрцæудзæн парламентмæ сфидар кæнынмæ.